Мэри Поппинс I Судзаг æвзаг
Хъуыстгонд Дзасохты Музафер литературæмæ куыд дæсны у, уый иууылдæр зонæм. Суанг ма иронау сдзурын кодта англисаг фыссæг Памела Трэверсы «Мэри Поппинс»-ы дæр. Цы цымыдисаг дзырдтæй дзы спайда кодта, уыдон «Судзаг æвзаджы» сæрмагонд рауагъды. Чиныг равгæнӕн ис электронон библиотекæ «Бæрзæфцæг»-æй ацы æрвитæнмӕ гæсгæ: https://vk.cc/ccgfCS *ÆРМКЪУХ: «Урс æрмкъух кæуыл ис, йæ уыцы къухы амонæн æнгуылдзæй ацамонгæйæ» *НЫЦЦАУАЗЫН: «Æз сæм рудзынгæй кæсгæйæ, мæстæй мæлин, уынджы змæлд кæй ныццауæзтой, уый тыххæй» *УÆРÆХЧЪИЛ: «Йæ иу къухæй хæцыди йæ уæрæхчъил худыл» *ГÆЗÆНХЪÆД: «Йæ хызыныл хæцыд, афтæмæй асины гæзæнхъæдыл абадт» *ТУХГÆ: «Стæй дзы систа сапоны дынджыр джипп, духийы авг, тухгæ бандон» *ÆВДИСÆН: «Фæлæ цы ’рцыди, уымæн уыдысты цардæгас æвдисæнтæ» *ЦЪÆХСНАГ: «Уыцы рæстæг сын сæ зæрдиаг ныхас фескъуыдта мисс Ларкы цъæхснаг хъæлæс» *АЗМÆЦ: «Азмæц! Зонды къуыбар! Мæ сызгъæрин!» *ХАТГÆ: «Дыууæ фунты мын хатгæ абар — æппæты хуыздæр чи у, уыцы хатгæйæ» _ Мы рядом в: vk.com/irys
Похожие видео

17.07.2012
00:07
☺Обращение к зрителям. А, где мое яйцо ☬? Where is my egg ♁ Oleg Tabakov☹
youtube

02.09.2022
03:21:14
ГИТАРИСТ - БАЯНИСТ поёт РУССКИЕ ПЕСНИ | 24 сентября - КОНЦЕРТ В КАЗАНИ
youtube
Показать еще