Дон змæнтынц
Республикæйы дон сыгъдæггæнæнты фылдæр хай нæ кусы. Уавæр сæ хуыздæртæй нæу. Куыстуæтты чъизи дон кæлы Теркмæ. Специалисттæ хъаст кæнынц. Дызæрдыггаг нæу уый, æмæ регионы экологийæн стыр зиан кæй æрхæсдзысты. Уæдæ адæмы æнæниздзинадæн дæр афтæ. Сыгъдæггæнæн системæтæ заууаты кæдмæ уыдзысты, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ. Адæймаджы къах ам рагæй нал уыд. Æрмæст дзы хæфсытæ хъуахъхъытæ кæнынц. Кæд, мыййаг, цъымара у, зæгъгæ, адæймаг фыццаг фæджих вæййы. Фæлæ нæ – Беслæны сыгъдæггæнæнтæ сты. Æрмæст ма кусгæ куы кæниккой. Удгоймаджы номыл дзы – æрмæст хъахъхъæнæг. Хъахъхъæнæг Таймазты Руслан: «Ам-иу дон сыгъдæг кодтой æмæ-иу дарддæр ацыдис. Фæстæдæр ма йыл-иу бакуыстой, уæлдæфы, туаггуыры руаджы. Уæвгæ, йæ зонгæ дæр нæ кæнын, куыдтæтæ куыстой, уый. Уыйфæстæ та-иу æй кæронбæттæны сыгъдæггæнæнтæм ауагътой, цæмæй хлоримæ схæццæ уа. Æрмæстдæр афтæмæй – Теркмæ». Дон сыгъдæг кæнынц æртæ къæпхæнæй. Кæддæр уыцы куыст цуайнаджы фыцæгау цыдис. Хи лаборатори, хи иртæстытæ. Æмæ цæмæй ифтонг нæ уыдысты. Ныр сæ уындæй зæрдæ бамæгуыр вæййы. Сыгъдæггæнæнтæ фæстаг бон бакуыстой, ногтæ, дам, саразæм, зæгъгæ, уынаффæ бæрнон адæм куы рахастой, уæд. Афтæмæй ногтæй дæр 10 азмæ ницы рауад, зæрæдтæ дæр сæ удтæ систой. Дон сауæмбыдæй Теркмæ агуылф кæны, цæрæгой дзы цы ис, уый та ма нырдиаг кæнын хъæуы æрмæст. РЦИ-Аланийы Фæлхасадмæ кæсæг управленийы санитарон цæстдарды хайады сæрдар Хачмамукова Галина: «Сыгъдæгдзинады домæнтæм, стæй зæххы уæлцъары донмæ цæстдардмæ гæсгæ цæугæдæттæм нæй калæн чъизи æмæ низхæссæг дæттæ. Уыдонæн сæ бон у алыхуызон зианхæссæг фæзындтæм расайын. Нæй уадзæн, химион буаргъæдтæй хъæстæ чи у, ахæм дæттæ дæр. Уыдæттæ алфамблай æрдзыл хæрзмæ нæ ахадынц». Æрдз хъахъхъæныны æхсæнады донуæттæм цæст дарыны тыххæй сарæзтой сæрмагонд къамис. Уыдон куыд раиртæстой, афтæмæй сыгъдæггæнæнтæ иунаг ран дæр республикæйы нал баззад. Кæнæ та заууатæй лæууынц. Уæрæсейы æрдз хъахъхъæныны комитеты бынæттон хайады советы уæнг Меркулова Наталья: «Нæ хæс у закъонхалджыты иртасын. Канд цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады куыстуæттæ нæ, фæлæ ма спъиртуадзæг, промышленнон æмæ æндæр ахæмтæ. Уыдон сусæгæй сæ чъизи цыхцырджытæ цæугæдæттæм саразынц. Уæлдай цауддæр ацы хъуыддаг у Дзæуджыхъæуы. Цыдæриддæр дзы чъизийæ æмбырд кæны, уыдон уыцы-иу цыдæй Терчы балæууынц. Сыгъдæггæнæнтæн, æмбарын æй, тынг бирæ æхца хъæуы. Фæлæ æрдзæн дæр уæдæ йæ хурхыл хъуамæ кæдмæ хæцæм?!» Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарадæн дзуапдæттæг министрады уавæримæ зонгæ сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы сыгъдæггæнæнтæн нал бæззынц се 80 проценты. Беслæны чи ис, уыдонмæ хъæуы базилын, сæ техникон ифтонгдзинад сын фæхуыздæр кæнын. Фæлæ та уыцы æхца. Чи ма дзы ис, уыдоныл суткæмæ ацæуы 600 мин кубометры хауæццæгтæ, 400 мины дзы сты Дзæуджыхъæуæй рацæугæ. Уыдонæй уал райдайын хъæуы. РЦИ-Аланийы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Хосдзауты Мæирбег: «Дзæуджыхъæу, куыд æй зонын, афтæмæй ууыл кусы. Уæдæ Æрыдоны район дæр – афтæ: цæттæ кæнынц проектон гæххæттытæ. Дзæуджыхъæумæ к