«Глобус»-ы фарста

20.04.2022
Цалдæр къуырийы базарадон центр “Глобус”-ы алыварс ничи зыны. Цæуылнæ? Уымæн ис хуымæтæг дзуапп - адæмы æдасдзинадыл хъуыдыгæнгæйæ тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ æртыккаг къуыри центр æхгæд у. Æгуыстæй рæстæгмæ чи баззад, уыцы амалхъом адæм та абон хицауады хæдзары цурмæ æрбацыдысты. Æдæппæтæй 100 адæймагæй фылдæр. Семæ аныхас кæнынмæ рацыд хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Уый байхъуыста адæмы хъæстытæм æмæ фæстæдæр дзуаппдæттæг оргæнты минæвæрттимæ сарæзта æмбырд. Архайдтой дзы базарадон центр "Глобус"-ы акционертæ, митинджы архайджытæн сæ минæвæрттæ, стæй æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Куыд базыдтам, афтæмæй сæ ныхас кæрæдзиуыл сбадтис. Æрцыдысты иу хъуыдымæ, ома, дам, банхъæлмæ кæсын хъæуы тæрхондоны уынаффæмæ. Уый сбæрæг уыдзæн абон. Томайты Ирбег æмæ бæрнон кусджытæ зæрдæ бавæрдтой, адæмы домæнтæ сæ рох кæй не сты æмæ сыл æнæрынцойæ кæй кусынц, уымæй. Базарадон центры разамонджытæй иу фæбæрæг кодта, центры нæ фаг кæны æрмæстдæр зынгсирвæстытæй хъахъхъæныны системæ. Уый куы сæвæрой уæд куыстуат æдасдзинады домæнтæн дзуапп дæтдзæн. Фæлæ хъуыддаг хуымæтæг нæу. Æрмæст æй иуырдыгæй æвзарын рæдыд у. Канд адæмы æдасдзинадыл ныхас нæ цæуы. Къаддæр не сты экономикон фарстатæ дæр. Системæйæ куыстуат сифтонг кæндзысты хæстæгдæр рæстæг. Джанайты Павелы ныхæстæм гæсгæ ныридæгæн Глобусы хицауад аиппытæ аиуварс кодта, фæлæ се ппæт нæ. Уыимæ куыд зæгъы афтæмæй закъонмæ гæсгæ кусыны фадат амалхъом адæмæн центры ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще