Нæ студимæ саккаг кодтой Гайты Давид æмæ Цагъаты Давид Сериалы «Рагон» рольтæ чи ахъазыд
Нæ фыдæлтæ куыд цардысты, цы уæлæдарæс дардтой, цавæр æгъдæуттæ сын уыд æмæ цæмæ тырныдтой. Æппæт ацы фарстатæн сериал «Рагон»-ы ис дзуæппытæ. Кинонывы сюжет дæр у цымыдисаг. Куыд сырæзт ацы хъуыды æмæ йыл куыд бакуыстой æрыгон фæсивæд, ууыл аныхас кæндзыстæм, сериалы хъайтарты рольтæ чи ахъазыд, уыдонимæ. Нæ студимæ саккаг кодтой Гайты Давид æмæ Цагъаты Давид. 1. Кæмæ разынд ахæм сериал сисыны хъуыды? Чи йын ныффыста йæ сценарий? 2. Чи бакуыста сериал сисыныл? 3. Куыд зонæм, афтæмæй уæхи фæрæзтæй систат фыццаг сери. Исчи ма уын баххуыс кодта? 4. Цæуыл цæуы сериалы ныхас? 5. Куыд æй истат киноныв? Кæм? Куыд ыл бакуыстат? Чи сты актертæ? 6. Цæмæн уæ бафæндыд нæ фыдæлты цард экраныл равдисын? Цы зæгъинаг стут уымæй? Сериалы мидис? 7. Видеоæрмæг исгæйæ, æнæмæнг, æрцæуы цымыдисаг æмæ худæг цаутæ дæр. Уæ зæрдыл цы бадардтат? (курьезы?) 8. Уæ куыстæй разыйæ баззадыстут уæхæдæг? Абон æм фыццаг равдысты чи бакаст, уыдон дæр? 9. Дарддæр дæр сериалыл куыст цæудзæн? Цал серийы дзы уыдзæн? Кæд сæ райдайдзыстут исын? 10. Æхцайæ уæм чи фæкæса, уыдоны ссардтат? _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv