Ирыстон ӕмӕ 4 псалом иронау. На осетинском языке.
Куы Дӕм скувын, уӕд-иу мӕ фехъус, мӕ рӕстады Хуыцау! Мӕ тыхсты бон Ды уыдтӕ мӕ удӕнцой. Батӕригъӕд мын кӕн, дзуапп ратт мӕ куывдӕн. О адӕм, кӕдмӕ калдзыстут цъыф мӕ кадыл? Кӕдмӕ уарздзыстут мӕнг хъуыддӕгтӕ, кӕдмӕ ӕмхиц уыдзыстут фӕливынмӕ? Фӕлӕ зонут: Хуыцау Йӕхицӕн сӕвзӕрста Йӕ сыгъдӕджы; куы скувын Хуыцаумӕ, уӕд мӕ фехъусы. Уӕ масты фӕдыл ма цӕут – тӕригъӕды бафтдзыстут. Уӕ фынӕйы размӕ зӕрдиагӕй ахъуыды кӕнут ӕмӕ ӕрӕнцайут. Хӕссут рӕстады нывондтӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл дарут уӕ зӕрдӕ. Бирӕтӕ зӕгъынц: «Чи нын ӕрхӕсдзӕни фарн?» Равдис нӕм, Хуыцау, Дӕ цӕсгомы рухс! Ды мӕ зӕрдӕйӕн ӕрхастай цин, ӕмӕ уый уыдоны бирӕ хор ӕмӕ сӕнӕй фылдӕр у. Ӕнцад-ӕнцойӕ ӕрхуыссын ӕз ӕмӕ бафынӕй вӕййын, уымӕн ӕмӕ, мӕ Хуыцау, ӕрмӕст Дӕ фӕрцы цӕрын ӕдасӕй. Дауиты 4-ӕм псалом. #Осетия Алания Владикавказ Цхинвал Беслан