Прокуратурæйы бон
Абон прокуратурæйы кусджытæ бæрæг кæнынц сæ профессионалон бæрæгбон. Уый фæдыл арæзт æрцыд æрвылазон мадзал. Æрдзырдтой дзы 2017-æм азы хатдзæгтыл. Битарты Вячеслав та раарфæ кодта ведомствæйы кусджытæн æмæ схорзæхджын кодта сæ хуыздæрты. Закъонхæлдтытæ рабæрæг кæнын, адæмы хъæстытæм æркæсын æмæ, цæмæй сæ бартæ хъыгдард ма ййафой, ууыл бакусын. Иудзырдæй, прокуратурæ кæны ахсджиаг куыст. Прокуратурæ йæ профессионалон боны дæр æгуыст нæу. Йæ разамонæг Владимир Векшин кадджын мадзалы фехъусын кодта ивгъуыд азы куысты хатдзæгтæ. Зæгъæм, сæ фæрцы алы къабæзты кусджытæ райстой, сæ мыздæй сын цы 17 млн сомы дардтой, уыдон. Тæрхондоны агъоммæ бакуыстой 12 мин барадхæлдыл. Уымæй уæлдай прокуратурæ æркаст æмæ сбæрæг кодта 6 мин хъасты. Арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ прокуратурæйæн загъта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Хуыздæрты та схорзæхджын кодта алыхуызон хæрзиуджытæй. Аккаг куыст чи кæны, уыдонæй иу – Акъоты Хъазыбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ куыст, æнæмæнг, зын у. Фæлæ адæмы пайдайæн кæй архайынц, уый сæ уæлдай бæрнондæр кæны у. Æхсызгон сын куыннæ хъуамæ уа, сæ архайдæй адæмы цард сабырдæр, æдасдæр æмæ рæсугъддæр кæй кæны, уый. Адæмимæ æмгуыст кæнын – закъон хъахъхъæнджытæн у сæ сæйраг хæс. Къуыримæ сæм дæсгæйттæй æрбахæссынц сæ хъæстытæ. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг у профессионалон юрист æмæ дæсны психолог уæвын. Хъастгæнæджы фарстайыл ныр прокурор бакусдзæн. Ахæм у сæ архайды фæтк. Алы курдиаты фæдыл дæр саразынц бæлвырд мадзæлттæ. Зæгъæм, æрмæст фарон басгæрстой муниципалон æмæ паддзахадон лæггæдты системæ. Рабæрæг дзы кодтой закъонхæлдтытæ. Афтæ – æрвылбон. Изæрмæ хæстæг – æмбырд. Æрныхас дзы кæнынц цæуыл æмæ куыд бакуыстой, стæй æргом фылдæр цавæр фарстатæм аздахын хъæуы, ууыл. Ахæм бонтæй сбирæ вæййы къуыритæ æмæ мæйты хал. Фæлæ прокуратурæйы кусджытæ сæ зæрдæ нæ ивынц сæ дæсныйадыл. Æнувыд ыл сты. Æмбарынц сæ куысты ахадындзинад æмæ зæрдиагæй хъахъхъæнынц адæмы бартæ, мулк æмæ сабырдзинад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще