«Ирон чиныг»

19.04.2022
Дзæуджыхъæуы рæвдауæндæттæу иуы абон сарæзтой дæсныйад-æвдисæн ахуыртæ. Архайджытæн равдыстой сæрмагонд мобилон уæлæфтуан. Хуынйы - «Ирон чиныг». Ис ын хай «Таурæгъты дунейыл балц», зæгъгæ. Сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнджытæн ахуырады рæстæджы дзы куыд пайда кæнын хъæуы, уый тыххæй радзырдтой. Ахæм дæсныйад æвдисæн ахуыртæ ахуыргæнджыты хсæн аразынц арæх. Уый цæмæй сæ фæлтæрддзинад фылдæр кæна æмæ кæрæдзийæн зонындзинæдтæ амононой. Проект сарæзтой, цæмæй сывæллæттæ ирон æвзагмæ æмхиц уой. Рагацау æй ахуыр кæной. Ахæм фадат фæзынд Президенты грантты фонды æххуысæй. Пайдагæнджытæ, куыд зæгъынц, афтæмæй уæлæфтуанæй æнцон у архайын. Ис дзы алыхузон цымыдисаг æрмæджытæ. Амидингæнджыты ныхæстæм гæсгæ, Ирон Чиныгæй пайда кодтой 12 рæвдауæндоны. Ацы аз ма сæм бафтдзæн 20. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео