Кæдджын фæтк

20.04.2022
Цæгат Кавказы Суворовон училищæмæ ахуыр кæнынмæ райстой 34 æвзонг хъомылгæнинаджы. Фæлæ уал уый размæ æрыгон æфсæддонтæ ард бахордтой фыдыбæстæ хъахъхъæнын æмæ хъæбатыр уæвыныл. Кадджын мадзал уыд Намысы Мемориалы. Уæрæсейы гимны цагъдмæ рахастой Дзæуджыхъæуы Суворовон училищæйы хæстон тырыса. Уый фæстæ фыццагкурсонтæ зæрдæ бавæрдтой, ног ахуыргæнæндоны æппæт домæнтæ зæрдæргъæвдæй кæй æххæст кæндзысты, уымæй. Æмбырды архайдтой 49-æм бригадæйы æмæ 58-æм æфсады минæвæрттæ. Бæрæгбоны фæдыл фыдыбæстæйы æрыгон хъахъхъæнджытæн арфæ ракодта республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, суворовонтæ æнæмæнг хъуамæ уой ахуыргонд, фидар, хъæддых æмæ разæнгард сæ дæсныйады. Бафтауыдзыстæм ма уый, æмæ Цæгат Ирыстоны æфсæддон ахуырад парахат кæй кæны. Уыцы фæндагыл сывæллæтты фыццаг къахдзæфтæ фенынмæ æрбацыдысты сæ ныййарджытæ æмæ горæты цæрджытæ дæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ суворовонтæ фыццаг хатт ард бахордтой 1944-æм азы Мæскуыйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще