Сæрдыгон улæфт

20.04.2022
Æрæфы районы Лескены хъæуы кусын райдыдта сывæллæтты лагерь. Урочыты æмæ хæдзармæ куысты тыххæй сывæллæттæ 3 мæймæ ферох кодтой. Улæфæн бонтæ æрвитынц се `мгæрттæ æмæ тезгъо кæнынц. Цавæр уавæрты æмæ куыд хъæлдзæг сты сывæллæттæ, уый зоны нæ уацхæссæг. Сывæллæттæн сæ ахуыры бонтæ фæстейæ аззадысты. Ныр та улæфгæ! Цæгат Ирыстоны сывæллæттæ сæ улæфæн рæстæг алыхуызонæй арвитдзысты . Зæгъæм, сæрдыгонд лагерты. Сæ иу Лескены. «Солнечное детство» йæ дуæрттæ байгом кодта фыццаг фæлтæрæн. Бирæ азты дзы сывæллæттæ зæрдæрайгæйæ баулæфынц. Хъомылгæнджытæ дæр сæ куыст иттæг хорз кæнынц æмæ уый се ппæты зæрдæмæ дæр цæуы. Ацы аз бынæттон скъолайы бындурыл байгом кодтой лагерь. Бон цалдæр сахаты та дзы сывæллæттимæ кусынц ахуыргæнджытæ. Сывæллæтты райсом райдайы хæрзад аходæнæй. Уый фæстæ сывæллæттæ баулæфынц: музыкæ, нывгæнынад, кæфтытæ æмæ шахмæттæ. Чи цы уарзы, уымæй йæхи ирхæфсы. Спортуарзджытæн та алы бон саразынц хъæлдзæг ерыстæ. Фæлæ се ппæты уарзондæр бынат хъазæн фæз у. Патриотон хъомылады тыххæй дæр рох нæ кæнынц. Хъомылгæнджытæ æмæ сывæллæттæ архайынц цæмæй сывæллæттæ сæ райгуырæн бæстæ уарзой æмæ йыл æнувыд уой. Сæ хъуыдымæ гæсгæ уыцы æнкъарæнтæ ахсджиаг æмæ æнæмæнг сты. Уæдæ сихор афон та сабитæм хæринаггæнджытæ фенхъæлмæ кæсынц. Цебойты Зоя, лагеры хæринаггæнæг: «Фыццаг хæринæгтæм хауынц бас кæнæ хъæрхуыпп. Дыккаг хæринæгтæ сты дзидзайæ, кæсагæй кæнæ та каркæй. Десертмæ та сын раттæм къафеттæ æмæ дыргътæ». Лескены скъолайы лагеры сæрдмæ иттæг хорз кæй бацæттæ кодтой, уый бæрæг у. Æдасдзинады фарстатæм куыд æмбæлы афтæ æркастысты. Бæстыхæййтæ сифтонг кодтой зынгсирвæзтыты ныхмæ системæйæ. Хъазæн фæзты уавæр дæр домæнтæн дзуапп дæтты. Ацы аз 14 мин сывæллоны бæрц сæ сæрд арвитдзысты скъолайы цур лагерты. Дыккаг фæлтæрæн сæ дуæрттæ байгом кæндзысты июлы. Лагеры разамонджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй алы фæлтæрæн дæр цæттæ кæнынц хицæн программæ. Алы сывæллон дæр дзы ссардзæн йæхицæн цымыдисаг куыст _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще