Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 7 марта 2019
Кады нысæнттæ – кады аккаг чи у, уыдонæн. Битарты Вячеслав бæрæгбоны арфæтæ ракодта, республикæйæн ном чи кодта, уыцы сылгоймæгтæн. Сты алы къабæзтæй, сæ фыдыуæзæгыл æнувыд кæй сты, уый бæрæг уыд абон дæр. Спортивон бæрæгбонмæ алцæмæй дæр - цæттæ. Боксæй Европæйы ерыстæм нæ республикæмæ цы спортсментæ ссыдысты, уыдонæн райсом уыдзæн ахсджиаг бон. Алчи сæ йæхи хоны æппæты тыхджындæрыл. Бирæ нал баззад уый базонынмæ. Хорз æфсин уæвыныл дæр ахуыр кæнын хъæуы. Уый зонынц Æрыдоны аграрон-технологон коледжы дæр. Сæ ахуырдзаутæн сарæзтой дæсныйадон ерыстæ. Чи фесгуыхт æмæ цæмæй, уый базондзыстут нæ уацхæссæджы æрмæгæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv