Поэзийы рог базыртыл

22.03.2018
21 мартъийы у поэзийы æппæтадæмон бон. Бæрæг æй кæнынц Ирыстоны дæр. Зæгъын хъæуы,уый æмæ ирон поэттæ стыр æвæрæн бахастой поэзийы рæзтмæ. Нæ сæр сæ бæрзæндты хæссæм. Уэлдай эхсызгон та уый у, æмæ æрыгон ирон фæсивæд дæр поэзийы ныфсджын къахдзæфтæ кæнынц. уымæн æвдисæн у не`сфæлдыстадон къорды æрмæг. Поэзийы фæрцы фæндаг ссарæн ис алы адæймаджы зæрдæмæ дæр. Афтæ хъуыды кæны суинаг поэт, Беслæны 4 скъолайы ахуыргæнинаг Бестауты Аланæ дæр. Ахуырмæ у тынг зæрдæргъæвд. Уымæй уæлдай ма 5 къласмæ цæугæйæ йе`мгар Бигъаты Сæрмæтимæ æмдзæвгæтæ фыссын райдыдтой. Чи раздæрæй сæ скъæфтой сæ уарзон ахуыргæнæг Сидахъаты Кларæмæ. Кæд иу сын иттæг хорз нæ рауадысты, уæддæр сæ иу ахуыргæнæг раппæлыд, æмæ сын иу сæ æмдзæвгæты рæнхъытæ барæсгъд кодта. Уæдæй фæстæмæ Аланæйæн йæ фæлтæрддзинад рæзыд. Рæнхъытæ аивæй-аивдæр кодтой. Райдыдт алыхуызæн поэзиимæ баст изæрты архайын. Уый фæстæ та Кларæйы æххуысæй, йæ ныфс бахаста районы æмæ республикон аив дзырды дæсныты конкурсты бацархайынмæ. Арæх иу ссис уæлахиздзау. Аланæ 5- æм къласы хæрз чысыл чызг уыдис, хуымæтæг скъоладзау иннæты хсæн. Сывæллон хом хуыссæ у, æмæ цæмæй уыцыхуыссæйæ хæмпус дзул рауайа, уый тыххæй тæвд пецы раз алæууын, цæмæй ма басудза. Сывæллон цыфæнды курдиат æм куы уа, уæддæр ын уыцы курдиат байгом кæнын хъæуы. Уæдæй фæстæмæ бирæ рæстæг рацыд. Аланæ дарддæр дæр аив дзырды дæсныты конкурсы архайы,патриотизмы базыртыл размæ тырны. Ныридæгæн æрыгон чызг ныфысста æмдзæвгæтæ дыууæ æмбырдгонды бæрц. мыхуыргонд дæр ын æрцыдысты. Уыимæ ма йын йе` мдзæвгæты текстты бындурыл рацыдис дыууæ зарæджы -Хуытыгаты Маринæйы «Фыды кад» æмæ Тасоты Игоры зарæг «Горянки»,зæгъгæ. Уый йын уæлдай æхсызгондзинад хæссы. Дæтты йын ныфс размæ тырнынæн. Аланæ ныртæккæ ис 10 къласы, цæсты фæныкъуылдмæ суыдзæн абитуриент, уымæ Фæнды йæ цард ирон æвзагимæ сбæттын. Уымæ гæсгæ йæ размæ сæвæрдта хæс: фидæны ирон филологимæ ахуыр кæнынмæ бацæуын, æмæ ирон æвзагыл Аланæйы хуызæн иузæрдион чи у, уыдонимæ нæ мадæлон æвзаджы рæзтыл бакусын. Ныр та уал йæхи цæттæ кæны конкурс «Амыраны рухс»-мæ. Зæрдæ дарæм,уæлахиздзау та кæй суыдзæн, ууыл. 1999 азы ЮНЕСКО-йы генералон конференцийы 21 мартъи снысан кодтой куыд поэзийы æппæтадæмон бон. Ацы мадзалы фæрцы ЮНЕСКО-йы минæвæртты фæнды поэзийы рæзтыл бакусын. Кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыстгонд æмæ зындгонд поæт алчи не сваййы, фæлæ ахæм адæймаг нæ разындзæн æмдзæагæтæ фыссын чи нæ фæлвæрдта. Йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ аив рæнхъытæй фыссангарзы руаджы гæххæтты сыфыл чи нæ снывæзта. Ацы уалдзыгон бæрæгбон æнæмæнг бæрæг кæнынц Хетæгкаты Къостайы номыл университеты ирон филологийы факультеты дæр. Ам цы чызджытæ æмæ лæппутæ ахуыр кæнынц, уыдонæн сæ зæрдæтæм хæстæг сты литерæтурæйы фæзындтæ иууылдæр.Фæлæ сын поэзи уæлдай удæнцой хæссы. Поэзи у бæстæтæ, адæмтæ æмæ культурæтæ иугæнæг. Рагæй-æрæгмæ дæр ацы литературон жанры фæрцы адæм æргом кодтой сæ зæрдæйы уаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæдæй абонмæ бирæ нæ аивта, Æхсызгон уый у, æмæ Ирыстоны фæсивæд канд ирон поэзимæ не сты лымæн ,фæлæ ма уарзынц æмæ з

Похожие видео

Показать еще