Цавæр хабар у?
Кутузовы æмæ Павленкойы номыл уынгты тигъыл æрæджы цы фæндаг сцалцæг кодтой, уый ныппырх ис. Йæ быны цы хæтæлтæ цæуынц, уыдон кæй атыдтой, уый аххосæй. Ног асфальт байтыгътой зæронд æмæ згæ хæтæлтыл. Ныр хæлд фæндагыл чъизи дон акалд. Æвзæр тæфæй дзы æрлæууæн дæр нæй. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæры сты къуырийæ фылдæр. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгты ныхæстæм гæсгæ, ацы фæндаджы хай хауы æппæты æвзæрдæр фæндæгты сæрмагонд хыгъдмæ. Нысангонд у фæндаггон картæйыл дæр. Адæм хъаст кодтой, ай цы у зæгъгæ. Бæрнон кусджытæ фæндагмæ базылдысты. Капиталонæй йæ рацарæзтой. Фæлæ йæ быны цы хæтæлтæ ис, уыдон нæ раивтой. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ фæнысан кодтой, ахæм цæстфæлдахæн митæ арæх кæй кæнынц, уый. Фæнд кæнынц Дзæуджыхъæуы администрацимæ курдиат бахæссын, цæмæй фарстамæ уым сæ хъус æрдарой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv