Тахъазты Сослан райдыдта хъазын футболон клуб «Тамбов» æн
Футболон клуб «Тамбов»-ы ацы сæрд фæзынд ног хъазæг - хъахъхъæнæг Тахъазты Сослан. Клубы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй «Армавир»-ы раздæры хъазæгимæ бафыстой контракт дыууæ азмæ. Тахъазты Сослан хъазын райдыдта «Торпедо»-йы. Фæлæ командæйыл зын рæстæджытæ куы скодта, уæд рахызт «Динамо»-мæ. Уым æрыгæтты къордмæ бахауд. Уый фæстæ йæ æрбахуыдтой футболон клуб «Аланимæ». Хистæр кары футболисттимæ хъазын райдыдта европæйаг ерысты, йæхи дзы хорз равдыста. Уый фæстæ уыдис Пермы, хъазыд футболон клуб «Амкар»-ы. Раздæр уал - æрыгæтты командæйы, фæстæдæр та йын фадат фæзынд йæхи сæйраг къорды дæр равдисынæн. Уым æнæбаивгæ хъахъхъæнæг сси. Иу хатт ын бантыст суанг Игорь Акинфеевæн дæр гол бакъуырын, ЦСКА-йы ныхмæ куы хъазыд сæ командæ, уæд. Иннæ æртæ сезоны та Сослан хъазыд хаццоны уæвгæйæ: раздæр «Тюмень»-ы, уый фæстæ та «Волгар»-ы. 2018-æм азы зымæджы рацыд «Луч-Энергия»-мæ. Ивгъуыд сезон та ахъазыд футболон клуб «Балтика»-йы. Уый фæстæ рахызт «Армавир»-мæ. Ацы азы июнæй та нымад у, куыд загътам раздæр, афтæмæй футболон клуб «Тамбов»-ы хъазæгыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv