Квадрокоптерты æнæбанцайгæ дыв дыв
Квадракоптер, квадролёт, тетракоптер... Ацы аппараттæй арæхæй-арæхдæр пайда кæнынц Цæгат Ирыстоны цæрджытæ. Чи дзы видеороликтæ исы, кæйдæр куысты авналæнты хъæуы, иннæта та йæ уæвгæ æмбаргæ дæр нæ бакæнынц, цæмæн æй балхæдта, уый. Фæлæ иу хъуыддаг бæлвырд у - сæ нымæц фылдæр кæны. Йæ авналæнтæ уæрæх сты царды алы къабæзты дæр. Хатгай æнарæхсты къухмæ дæр бахауы æмæ дзы уæд дæхи хъахъхъæн. Цæмæй ахæм цаутæ къаддæр уа æмæ квадрокоптертæ, хъæуа-нæ хъæуа, адæмы сæрмæ ма дыв-дыв кæной, уый тыххæй закъонмæ хаст æрцыд ивддзинæдтæ. Абоны бон «квадрокоптертæ» кæй хонынц, ома, æнæ тæхæгæй тæхæн аппараттæ, уыдон балхæнынæй æнцондæр ницы ис. Сæ аргътæ дæр хæцгæ нæ кæнынц. Иуырдыгæй - хорз фæрæз у хъазæн æмæ пайдахæссæг мигæнæн куыстыты. Иннæрдыгæй та чи йæ зоны æмæ кæй къухтæм бафтдзæн, уый. Æмæ уæд фыдбылызмæ дæр бирæ нæ хъæуы. Закъонхалæгæн та йæ бон у зиан æрхæссын. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад сиды квадрокоптерты хицæуттæм цæст дарын. Паддзахадон Думæйы депутаттæ дæр кусынц ацы фарстайыл. Уыимæ, квадрокоптерты хицæуттæ закъонмæ гæсгæ хъуамæ уой регистрацигонд. Йæ домæнтæм гæсгæ дзы пайдагæнæн ис, æрмæстдæр сæрмагонд ведомствæйæ бардæттæг гæххæтт райсгæйæ. Йæ уæз 250 граммæй 300 кæмæн уа, уыцы аппараттæ хъуамæ уой промышленносты æмæ транспорты министрады куыстуат «ЗащитаИнфоТранс»-ы хыгъды. «Фæлæ закъоны ис аиппытæ» - зæгъынц специалисттæ. Ивддзинæдттæ куы бахæссынц, уæд автоматикæ æхгæд зонæты скусы. Æмæ йæ кæй зæгъын хъæуы адæмæн тæссаг нал вæййы. Фæлæ æндæр куыстыты адæмæн сæ бон у пайда кæнын æнæ æфхæрдæй æмæ æнæцæстдардæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv