Бырондæттимæ тох
1-æм январы Уæрæсейы фæзынд хъæбæр коммуналон хауæццæгты бакусыны ног системæ. Суанг ын ном дæр ма ис – «Мусорная реформа», зæгъгæ. Бырæттæ ласыны аргъ дæр аивта. Хауæццæгтæ æмбырд кæндзысты ног хуызы. Полигонмæ бахауыны размæ сæ-иу равзардзысты. Алы субъектæн дæр уыдзæн йæхи регионалон оператор. Цæгат Ирыстоны дæр программæйыл бакуыстой. Республикæйы фæнд кæнынц ног полигон æмæ бырон æмбырдгæнæн комплекстæ саразын. Бырæтты реформæйы тыххæй бæлвырддæр – нæ дарддæры æрмæджы. Ацы быдыры сывæллæттæ футболæй нæ ахъаздзысты, спортивон фæз дæр дзы нæ фæзындзæн. Алы ран дæр: авг, пластмассæ, хойраджы æмæ арæзтадон хауæццæгтæ. Æнæзакъон бырондон фæзынд Заводы поселочы. Хъыгагæн, республикæйы иу æмæ дыууæ не сты. Уый хорз зонынц æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Ивгъуыд азы бафснайдтой 33 æнæзакъон бырондоны. Ссыгъдæг кæнын ма хъæуы 20. Ацы аз уавæр хъуамæ бындуронæй аива. 1-æм январæй Уæрæсейы йæ тыхы бацыд бырæттæ ног хуызы бакусыны фæтк. Ивгъуыд азы йæм æмбæлгæ кусæндæттæ сæхи цæттæ кодтой. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй Дзæуджыхъæуы иу цæрæг афæдзмæ аппары хауæццæгты 500 килограммы. Уыдонæн исты æрхъуыды кæнынимæ ма бакуыстой æндæр хъуыддæгтыл дæр. Фендæрхуызон уыдзысты фиддонтæ дæр. Æргътæ аразгæ сты, бынæттон цæрджытæ цас бырон калой, уымæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй горæты адæм фылдæр бырон кæнынц. Хъæуты уавæр афтæ нæу. Уымæ гæсгæ фидгæ дæр кæндзысты къаддæр. Дзæуджыхъæуы мæймæ – 56 сомы. Уый æнæ æфтыд аргъы уæлæфтауынæй. Уыцы хъалонимæ та – 65 сомы. Хъæуты 35 сомæй 45 сомы онг. Мæздæджы районæн тариф сбæрæг уыдзæн январы кæрон. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, республикæйы сыгъдæгдзинадæн ногдзинад уыдзæн ахадгæ. Бырæттæ куыстгæнæн хъуыддаг ныр сæхимæ райстой регионалон оператортæ. Равзæрстой сæ ивгъуыд азы. Иу куыстуаты бæрны уыдзæн Мæздæджы район, компани «ЭкоАльянс» та кусдзæн æгас республикæйы. Æфснайæн фæзуат стыр кæй, уый тыххæй компанийæн уыдзæн æххуысгæнæг куыстуæттæ. «ЭкоАльянс» хъуамæ сараза ног полигон дæр. Быроныл-иу бæстонæй кæм бакусдзысты, ахæм. Æппæт мадзæлттæ уымæн æрхъуыды кодтой, цæмæй хауæццæгтæ зæххы мауал æмбийой, быроны обæуттæ та фæкъаддæр уой. Цæгат Ирыстоны стырдæр полигон ногдзинады фæстæ сæхгæндзысты. Регионалон оператор бырондæттæ кусыны ног полигон араздзæн хи хардзæй. Проекты аргъ бæрæггонд нæу. Агурынц ын бынат. Бырæттæ куыстгæнæн завод хъуамæ дзуапп дæтта нырыккон домæнтæн. Регионалон операторимæ бадзырд хъæуы бафыссын алы цæрæджы. Ахæм фадат ис Интернеты дæр. Курдиат чи нæ бадæтта, уыцы адæмы хыгъдмæ бахæсдзысты автоматикон æгъдауæй. Æппæт фæрстытæн дзуапп райсæн ис сæрмагонд номыр 29-01-03 бадзургæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv