Хицуады æмбырды æрдзырдтой республикæйы социалон-экономикон райрæзтыл
360 милуан сомæй фылдæр рахай кодтой Цæгат Ирыстонæн федералон бюджетæй. Æхцайы фæрæзты фылдæр хай хардзгонд æрцæудзæн коронавирусимæ тохыл. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады æмбырды. Бæлвырддæр, рынчындæтты бацæттæ кæндзысты уæлæмхасæн бынæттæ, туаггуыры системæ рацараздзысты, медицинон кусджыты фиддонтæ баххæст кæндзысты. Уымæй уæлдай, федералон фæрæзтæй сцалцæг кæндзысты къæвдайы доны хæтæлтæ æмæ æнæзакъон бырондæттæ аиуварс кæндзысты. Æмбырды ма ныхас кодтой «Хуыздæр муниципалон сконд»-ы æппæтуæрæсеон æркастыл дæр. Ацы аз дзы Кировы районы Ираны хъæу сси уæлахиздзау номинаци «Укрепление межнационального мира и согласия»-йы. Æртыккаг бынат та райста Ногир, цæрджытимæ ахадгæ æмгуысты тыххæй. Хицауады сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй регионæн программæйы архайыны хъуыддаджы ис фæзминаг фæлтæрддзинад. Муниципалитеттæм фæсидт, цæмæй æркасты разæнгарддæрæй архайой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще