Хицауады æмбырды æрныхас кодтой социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм фарстатыл
Скъолаты ахуырад ахуырдзаутæм æнцонтæй хæццæ кæныны техникон гæнæгты регионалон системæйыл ныхас цыд хицауады æмбырды. Бæстонæй æрныхас кодтой документы ахадындзинады тыххæй федералон æмæ регионалон закъон æххæстгæнгæйæ. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз куыд фæнысан кодта, афтæмæй национ æмæ паддзахадон программæтæ æххæстгæнгæйæ республикæйы фæфылдæр сты рæвдауæндæтты сывæллæттæн бынæттæ. Уыимæ ма æмбырды фæнысан кодтой, Алагиры центрон чиныгдонæн радих кæндзысты 150 мин сомы ног аивадон литературæ балхæнынæн. Тускъаты Таймураз загъта, библиотекæты фонд æппынæдзух æххæст кæнын кӕй хъӕуы, уый. Уыимæ ма хъуамæ æмхиц уой нырыккон информацион тыгъдадмæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще