Цæгат Ирыстоны районты цæттæ кæнынц хъармгæнæн рæстæгмæ
Цæгат Ирыстоны районты цæттæ кæнынц хъармгæнæн рæстæгмæ. Специалисттæ бæрæг кæнынц бирæфатерон хæдзæртты уавæр. Цалцæг кæнынц коммуникацитæ. Куыстыты фылдæр хай ныридæгæн æххæстгонд æрцыд. Хъармгæнæн рæстæджы агъоммæ уагæвæрдмæ гæсгæ, специалисттæ сбæрæг кæнынц бирæфатерон хæдзæртты уавæр. Хъуамæ хæдзары сæр ма тæдза. Рудзгуытæ сæстытæ ма уой. Æрыдоны бирæфатерон хæдзæрттæ ныртæккæ хъарм кæнынц хибарæй. Уымæ гæсгæ, уæлдай æргом аздахынц дондзæуæн хæтæлтæм. Разамындæттæг компанийы бæрны ис 55 хæдзары. Ныридæгæн сæ фылдæр хай зымæгмæ сты цæттæ. Цы курдиаттæ ма ис Æрыдоны бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæй компанимæ, уыдон хæстæгдæр рæстæг аиуварс кæндзысты. Цæмæй хъармгæнæн рæстæг æнæ къуылымпытæй райдайа. Районы хицауады уынаффæмæ гæсгæ ацы аз скъолатæ, рæвдауæндæттæ, æмæ социалон нысаниуаг кæмæн ис, ахæм куыстуæттæм хъарм ратдзысты раздæр. Æрыдоны 4-æм скъолайы абон сбæрæг кодтой хъармгæнæн. Скусын кодтой хъармдæттæг æгтæ. Æрыдоны районы хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæ кæнынц инженерон коммуникацитæ дæр. Снысан кодтой сæрмагонд штаб. Йæ уæнгтæ сæ цæст дарынц куыд цæуы куыст, уымæ. Уазалтæм цæттæ кæнынц Дыгуры районы дæр. Сцалцæг кодтой хъармдæттæн хæтæлтæ. Ныр та бæрæг кæнынц хъармгæнæны уавæр. Уалдзыгон хъарм донæй ифтонг кæны цæрæнуæттæ, зымæгон та хъарм дæтты 7 бирæфатерон хæдзармæ. Ис дзы 2 ног пецы. Сæвæрдтой сæ 2 азы размæ. Сты автоматикон. Уалдзæджы сæ ныссыгъдæг кодтой. Цæмæй æнæ къуылымпытæй кусой. Дигорайы ис 50 бирæуæладзыгон хæдзары. Уым фатерты фылдæр хаймæ хъарм цæуы хибар хъармгæнæн æгты руаджы. Хæдзæртты уавæрмæ кастысты сæрмагонд къамисы уæнгтæ. Уæрæсейы регионты хъармгæнæн рæстæг райдайы уæлдæфы температурæ 5 боны дæргъы 8 градусы хъармæй уæлдæр куы нæ вæййы, уæд. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще