Хъармгæнæн рæстæджы агъоммæ бацæттæгæнæн мадзæлттæ

20.04.2022
Дзæуджыхъæуы райдыдтой хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Зымæг кæд нырма æрæджы фæцис, уæддæр цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады кусджытæ сæ къухтæ бафистæг кодтой. Чи баихсыд æмæ нал бæззы, уыцы хъармгæнæн хæтæлтæ ивынц. Ныртæккæ уал уыцы куыстытæ кæнынц Дзæуджыхъæуы дыууæ уынджы. Ацы аз ма Пушкины уынджы хъармгæнæн хæтæлтæ хæдзæрттæм æндæр хуызы уаддзысты. Ныр сæ зæххы бын не `вæрдзысты, фæлæ йæ сæрмæ. Куыстыты фæткмæ гæсгæ уал «Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады гараж»-ы хъармгæнæны донцъирæн кусæнгæрзтæ æмæ хæтæлтæ баивтой. Зæронд кусæнгæрзтæ ногтæй кæй баивтой, уый сын сæ хъомыс фæфылдæр кæндзæн. Хæрдзтæ та къаддæр кæндзысты. Фæхуыздæр уыдзæн нуазыны доны хæрзхъæддзинад дæр. Коммуналон службæты специалисттæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй куыстыты кæцыдæр хай кæнынц цæрджыты коммуналон фиддонты æхцатæй. Æмæ ма сæ ныхасмæ бафтауынц: «Цæрджытæ цас хуыздæр фидой, уый бæрц хуыздæр лæггæдтæ исдзысты». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще