Кæсаг фæстæмæ донмæ здахынц

19.04.2022
Æрыдоны æргъай кæсаджы завод кусын райдыдта 1987 азы. Архайы паддзахадон домæнтæм гæсгæ. Йæ кусджыты нымæц у 35. Сæ сæйраг хæс у иу азмæ 300 мин кæсаджы æрдзон донуæттæм ауадзын. Уыимæ, куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ æндæр регионты дæр. Æмтгæй райсгæйæ, Хъаспийы денджызмæ бахæццæ вæййы кæсагæн йе `æмбис. Иннæ хай та ауадзынц Æрыдоны донмæ, Урухмæ æмæ æндæр цæугæдæттæм. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, нæ республикæйы æргъай кæсæгты куыст кæнынæн ис æппæтæй хуыздæр уавæртæ. Кæсæгты авдæнты тыххæй ныр алцыдæр зоны нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Махæн уал æй радзырдта. Ныр та сымах рад у æмæ йæм бакæсут. Ацы цехмæ лæппын кæсæгтæ бахауынц, сæ уæз 1 граммы онг куы схæццæ вæййы, уæд. Уый агъоммæ уал еугæф сæвæрынц инкубаторты. Уым сæ фæдарынц 21 суткæйы. Уый фæстæ сæ раивынц сæрмагонд ваннæтæм. Алы ваннæ дæр байдзаг кæнынц артезианаг дондзæуæнæй. Цехы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй лæппын кæсæгтæм хъæуы лæмбынæгæй кæсын. Бонмæ цалдæр хатты сæрмагонд кусæнгæрзтæй ваннæтæ ссыгъдæг кæнынц. Инкубацион цехы кусæг Дзæгъойты Мæринæ: «Райсомæй нæ куыст фыццаджыдæр райдайы лæппын кæсæгтæн хæрын кæнынæй. Ис сын сæрмагонд холы. Бонмæ сын æй 4 хатты дæттын хъæуы. Бонцухæй та сын сæ ваннæты дон ивæм, цæмæй æппынæдзух рæсуг уа. Ваннæтæн сæхи сыгъдæг дарæм. Алы ран дæр дзы ис 3-4 килæйы лæппынтæ». Инкубацион цехы сæм фæзилынц, цалынмæ 3-5 граммы онг не схæццæ вæййы сæ уæз, уæдмæ. Дарддæр сæ раивынц гом арвы бын къанæуттæм. Ам дæр сæм хъæуы уæлдай цæстдард. Хъуамæ иу къанауы 40-60 килæйæ фылдæр кæсаг ма уа. Арæх ма сæ сæ асмæ гæсгæ радих кæнынц. Науод кæрæдзийы хæрын райдайынц. Стæй уæд бирæ куы уой иу къанауы, уæд рæзгæ дæр куыд æмбæлы, афтæ нæ кæнынц. Мадæл кæсæгты къорд ныууадзынц, цæмæй дарддæр сæ бон еугæф калын уа. Ацы завод кусын райдыдта 1987 азы. Уæдæй абонмæ йæ сæйраг хæс у Хъаспийаг æргъайы нымæц æрдзы фылдæр кæнын. Куыстуат æххæст кæны паддзахадон хæслæвæрд. Йæ фæллойгæнджыты нымæц у 35. 2018 азы онг завод йæ кæсæгтæ уагъта Цæгат Ирыстоны донуæттæм. Ныр сæ, паддзахадон хæслæвæрдмæ гæсгæ, уадзын райдыдтой Кæсæг-Балхъары. Æрыдоны æргъай кæсаджы завод, Федералон бюджетон кусæндон «Главрыбвод»-ы Цæгат Кавказы филиалы директоры хæдивæг Людмила Омельченко: «Нæ куысты сæйраг хай баххæст кæнæм ноябрæй мартъийы онг. Еугæф райсын, инкубаторы йæ сæвæрын æмæ йæ æмбæлгæ асы онг сырæзын кæнын. Цæмæй кæсаг 20 граммы онг сырæза, уымæн бирæ рæстæг хъæуы. Стæй лæмбынæг зылдцух хъуамæ ма уой. Кæддæриддæр нæм вæййы дыууæ фæлтæр. Январы нæ паддзахадон хæслæвæрд сæххæст кодтам. Фæлæ ма нæм 2020 азы бæрц сæххæст кæнынæн дæр еугæф баззад». Завод йæ куыст æххæст кæны, фæлæ йæ кусæнгæрзты æмæ агъуыстытæ сты базилинаг. Æппынæдзух донæй дзаг кæй сты, уымæ гæсгæ сæ арæх цалцæг кæнын хъæуы. Адæм сæ хæстæм бæрнон цæстæй кæсынц. Æвæццæгæн, се `нтыстытæ уаиккой ноджы ахадгæдæр, сæ уавæртæ сæ куы нæ тыхсын кæниккой, уæд. Ныр уал сæ хъæуы сæхи тыхтæй архайын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео