Æфсæддон ахуыртæ

20.04.2022
Хуссар æфсæддон зылды мотоæхсæг батальоны æфсæддонтæн сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ Тарскæйы полигоны. Цалдæр боны, службæгæнджытæ архайынц быдыры уавæрты. Фæлтæрдджын командæгæнæджы разамындæй æфсæддонтæн æвдисынц, хæсты уавæрты адæймаг йæхи куыд хъуамæ дара, уый. Уæлдай æргом ацы хатт здахынц, службæгæнджытæ психологон æгъдауæй фидар куыд уой, уымæ. Æфсæддон ахуырты уыдис нæ уацхæссæг Гогаты Марат. Цалынмæ командæгæнæг нæ зæгъа, уæдмæ хæцæнгарзыл схæцæн нæй. Ацы пулеметы æхст хъуамæ дардмæ ныггуылф кæна æмæ знаджы фехала. Кæд ныхмæлæууæг мæнг у, уæд æфсæддон ахуыртæ та æцæг хæстон уавæртæм æввахс сты. Ахæм у йæ сæйраг хъуыды. Мæнг хъусынгæнинагмæ гæсгæ ныхмæлæууæг æрбабырсы Мадыхохырдыгæй. Æфсæддонтæ гæрзифтонг сты танктæй т90, бмп3, гаубицæтæй пулеметтæй æмæ Калашниковы автоматтæй. Æфсæддон мæнг тохы цаутæ аххæссыдысты æнæхъæн быдырыл. Хæцæнгæрзты гуыппытæ айхъуыстысты дардмæ. Æххуысмæ фæтагъд кодтой уæларвæй дæр. Уæлдæфмæ суагътой æнæтæхæг апараттæ. Йæ радмæ æнхъæлмæ кæсы вертолет дæр. Ай та у вертолет МИ-8. Кусы 2 змæлынгæнæгæй. Йæ фарктæ дæттынг сигнал. Миййаг исты куы æрцæуа, уæд æй тæхæг уай тагъддæр базондзæн. Ацы тæхæгæн ис хæслæвæрд. Мæнг ныхмæлæууæджы басæттын, гæрзифтонг тыхæй нæ, фæлæ психологон æгъдауæй. Æфсæддонтæ кæм æрбынат кодтой, уырдæм æркалдта сæдæгай гæххæттытæ. Фыст дзы ис, службæгæнджыты ныфс цы ныхæстæ æрсæтдзысты, ахæмтæ. Уымæй уæлдай ма, нырыккон технологитæй дæр пайда кæнынц. Цалынмæ бынаты архайдтам, уæдмæ æнæтæхæг аппарат йæ ми сусæгæй бакодта. Се ппæтмæ дæр сæ чырæ телефонтæм æрбарвыста мæнг хъусынгæнинаг. Фыст дзы ис - «Уæхимæ æркæсут! Уæ хицауад æмæ командæгæнджытæ уæ æрвитынц мæлæты фæндагыл ». Ацы хъуысынгæнинагыл чи баууæндыд, уымæ психологтæ æнхъæлмæ кастысты сæрмагонд цатыры. Уым сын баххуыс кæнынц. Æфсæддон ахуыртæ фенынмæ æрцыд Хуссар æфсæддон зылды командыгæнæг, инæлар-булкъон Александр Дворников. Цæттæдзинадмæ лæмбынæг æркаст йæхæдæг. Цы федта уымæй разыйæ баззад. Ахуырты кæронбæттæн ма сын æфсæддонты разамонджытимæ скæндзæн хатдзæгтæ. Уæдмæ та уал, зарджытæ æмæ кæфтытæ - бæрæгбонарæзт концерт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео