Иу ма сыл бафтдзæн
Йæ саразыныл æмæ йæ ифтонгдзинадыл абон ныхас кодтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ 58-æм æфсады штабы хицау Михаил Зусько. Парк уыдзæн УФ-йы æфсæддон тыхты патриотон парчы филиал. Йæ саразыны хъæппæрис уыд республикæйы сæргълæууæгмæ æмæ йæ фехъусын кодта Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады. Уым дæр йæ фарс рахæцыдысты. Парк фæнд кæнынц Цæгат Ирыстоны ДОСААФ-ы аэродромы саразын. 7 гектарыл равæрдзысты авиацийы, танкты æмæ сæрмагонд техникæйы алы хуызтæ. Михаил Зусько зæрдæ бавæрдта, æппæт хъæугæ техникæ æмæ кусæнгæрзтæ сын УФ-йы хъахъхъæнынады министрад кæй радих кæндзæн, уымæй. Цæгат Ирыстоны ног парчы араздзысты алыхуызон мадзæлттæ, скъоладзаутæн æмæ студенттæн æфсæддон ахуыртæ, дæтдзысты дзы фæллоймæ æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады нормæтæ. Нысангонд фæзты бакæсæн уыдзæн экспозицитæм. Хицæн фæзты та æфсæддон авиацийыл атæхын, парашютимæ рагæпп кæнын, пейнтболæй ерыстæ аразын. Парк «Патриот» хуыздæрырдæм фæзындзæн фæсивæды патриотон хъомыладыл, кæндзæн сæ фидардæр, ахуыр дзы кæндзысты нæ фыдæлты хæстон традицитæ хъахъхъæнын æмæ сæ дарддæр рæсугъдæй хæссыныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще