Æнæ аиппытæй
Сентябры райдианмæ, ома ног ахуыры азмæ — сæхи зæрдиагæй канд скъолатæ нæ цæттæ кæнынц, фæлæ ма сывæллæтты рæвдауæндæттæ дæр. Ацы кусæндæттæ дæр æнæмæнг уыцы рæстæджы агъоммæ бабæрæг кæнынц, афтæмæй сын сбæлвырд кæнынц сæ цæттæдзинад. Дзæуджыхъæуы 50 рæвдауæндонæй фылдæр ис, уыдонæн сæ фылдæры цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Сæрды фæстаг бонты скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты кæртыты арæзтадон куыстытæ ноджы разæнгарддæр фесты. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 52-æм рæвдауæндоны баивтой бæстыхайы сæр. Кæрты ма фæзынд дыууæ цатыры — хурбон уа, æви къæвда, сывæллæттæн дзы сæ бон хъазын уыдзæн, уынджы куы уой, уæддæр. Хъуамæ ма сыл иуæндæс бафтауой сæ цатыртыл. Ууыл сæ фидæнмæ нысæнтæ нæ фесты. Алцыдæр сабиты цинæн. Ахæм уавæрты сæ ныййарджыты хъæбысæй æнцонтæй атонын бакомдзысты. 52-æм сывæллæтты рæвдауæндоны разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæгæг Ольга Донцова: «2018-æм азы фæнд кæнæм хæрз гыццыл сабитæн ног бæстыхай саразын. Уымæй уæлдай рæвдауæндоны фæзындзæн ног сæрдыгон цадыртæ алы кары сывæллæттæн». Дзæуджыхъæуы рæвдауæндæттæ бæрцæй сты 59. Сæ фылдæр сын ног ахуыры азмæ бацæттæ кодтой. Лыстæг зилæнтæ ма дзы хъæуы æрмæст. Цæмæй сывæллæттæ ардæм зæрдæрайгæйæ цæуой, уый тыххæй агъуыстытæ срайдзаст сты, саив сæ кодтой алы мадзæлтты фæрцы. Уæдæ санитарон уавæр дæр рохуаты нæ аззад, дзуапп дæттынц алы домæнæн. Басгæрсты фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй дзы аиппытæ не ссардтой. Дзæуджыхъæуы Администрацийы ахуырады управленийы разамонæджы хæдивæг Зинаидæ Ларионова: «Ныридæгæн нæ горæты сывæллæтты рæвдауæндæттæн сæ 80% ног ахуыры азмæ сты цæттæ. Сæ бон у сывæллæтты кусæндоны хыгъдмæ бафыссын. Уыцы куыст ныр дæр цæуы.Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæттæ сцалцæг кæнынæн администраци ацы аз радих кодта 52 милуан сомы». Ахуырады кусæндæттæ сæ цæттæдзинадмæ гæсгæ иууылдæр сæ куыст фыццæгæм сентябры райдайдзысты. Райсæм та сæ кæртытæй райхъуысдзæн сывæллæтты хъæлдзæг уынæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще