Олеся Шило кусы ахуыргæнæгæй Æрыдоны 2-æм скъолайы

18.04.2022
Нæ дарддæры æрмæг та у æрыгон ахуыргæнæджы тыххæй. Йæхи хоны амондджын, уымæн æмæ царды зæрдæмæдзæугæ фæндаг равзæрста æмæ дзы йæхи ссардта. Олеся Шило кусы историйы ахуыргæнæгæй Æрыдоны 2-æм скъолайы. Къуырисæры цин фæкæны, сабаты та нырхæндæг вæййы. Уымæн æмæ сывæллæттимæ цы рæстæг æрвиты, уый йын у æхцон. Уæдæ йæ ахуыргæнинæгтæн дæр истори сси сæ уарзондæр предмет. Рæзгæ фæлтæрæн зонындзинæдты рухс фæндаг амоныныл чи ныллæууыд, уыимæ сæмбæлд Дзæдзойты Фатимæ. 6-æм къласы скъоладзаутæ ахуыр кæнынц Уæрæсейы историйы X-XI-æм æнусты цаутæ. Ахæм æдзынæгæй хъусынц ахуыргæнæгмæ, æмæ сæ уынæр дæр нæ цæуы. Æмæ, кæй зæгын æй хъæуы, скъоладзауты историон зонындзинæдтæ сты бæллиццаг. Арæх свæййынц зонадон ерысты уæлахиздзаутæ. Сæ æнтыстдзинæдтæй бузныг сты ахуыргæнæгæй. Хорз ахуыргæнæг та, æвæццæгæн, уый тыххæй у, æмæ йæ дæсныйадмæ бæллыди йæ сабибонтæй. Куыд зæгъы, афтæмæй къуырисæры цин фæкæны, сабаты та нырхæндæг вæййы. Уымæн æмæ сывæллæтимæ цы рæстæг æрвиты, уый йын у æхцон. Олеся Шило у уырыссаг чызг. Райгуырди Астæуккаг Азийы. 9 азы йыл куы цыди, уæд йæ бинонтæ æрцардысты Æрыдоны. Ирон æвзаг бауарзта фыццаг бонтæй. Скъолайы фæстæ Олеся каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультет. Ныр 2 азы кусы Æрыдоны 2-æм скъолайы. Йе `мкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй алы урочы размæ дæр архайы сывæллæтæн ног цымыдисаг хуызы бамбарын кæнын æрмæг. Олесяйы дæнцæг бафæзмынынмæ хъавынц йæ ахуыргæнинæгтæ дæр. Скъола архайы ахуырады системæйæн кусджытæ цæттæ кæныны проекты. Хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæй 11 сфæнд кодтой ахуыргæнæджы дæсныйад равзврын. Сæ райгуырæн скъола сæм æнхъæлмæ кæсдзæн. Æрыгон ахуыргæнджытæн федералон бюджетæй фидынц уæлæмхасæн 2 мин сомы. Æрыдоны районы та ма сæм, районы сæргълæууæджы бардзырдмæ гæсгæ, æфтауынц ноджыдæр 3-гай мин сомтæ бынæттон бæджетæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще