Хъазыс ма æви нæ?

20.04.2022
Футболæй хъазын чи уарзы, уыцы фæсивæдæй ныр ничиуал зыгъдзæн, фадæттæ нын нæй, зæгъгæ. Спортивон скъола «Æвзонгдзинад»-ы футболон фæз ныр дзуапп дæтдзæн æппæт домæнтæн. Куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Кæй фæнды, уыдон хæстæгдæр рæстæг пуртиимæ хъазынæй сæ мондæгтæ суаддзысты. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд скъолайы æмæ цæуыл цин кæнынц æвзонг футболисттæ. Уый федта не сфæлдыстадон къорд. Зæрдæмæдзæугæ хъазты рæстæг адæймагмæ цавæр æнкъарæнтæ фæзыны, уый ацы лæппутæй алчидæр зоны. Пуртийыл сæ алы цæф дæр фидæнмæ къахдзæф у. Хызы йæ куы смидæг кæнынц, уæд та сын чысыл уæлахизы хуызæн вæййы. Цæмæй сæ бон гол бакъуырын уа æмæ дæсны техникæйыл хæст уой - уымæн бирæ фыдæбон хъæуы. Азæй-азмæ, боныхъæд ницæмæ даргæйæ, лæппутæ тренировкæтæм рацæуынц футболон фæзмæ. Алкæмæ дæр сæ ис бæллиц - зындгонд футболист суæвын. Йæ сæххæст кæнынæн не `вгъау кæнынц нæдæр сæ хъарутæ, нæдæр сæ рæстæг. Фæлæ сæ хъæуы, сæ къæхтыл фидар куыд æмæ кæм лæууой, ахæм фадæттæ. Бæлвырддæр ныхас цæуы футболон фæзы уæлцъарыл. Хъыгагæн, куыд æмбæлы, ахæм нæу. Козырты Таймураз йæхæдæг дæр ацы скъолайы хъомылгæнинаг у. Ныр та йæхæдæг бирæ азты хъомыл кæны рæзгæ фæлтæры. Æрыгон футболисттæн амонынц æппæт сусæгдзинæдтæ. Сты 30 ахуыргæнæнджы. Фæлæ цæмæй, куыд æмбæлы, афтæ хъазой, уый сын нæма `нтысы. Сæ уавæртæ къундæг сты. Футболон фæз та домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Сывæллæтты спортивон скъола 40 азы кусы. Уыцы рæстæгмæ йæм бындуронæй базылдысты ивгъуыд æнусы 70-æм азты. Фæзы уæлцъар та ивынц æрмæст 2-аг хатт. Домæнтæм гæсгæ йæ хъауы алы 7 азы ивын. Футболон фæзæн йæ уæлцъар рацараздзысты федералон программæмæ гæсгæ. Специалисттæ зæрдæ æвæрынц газон нырыккон домæнтæм гæсгæ скæнынæй. Дзуапп, зæгъынц, дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Дондзæуæн системæ дзы кæй ис, уымæ гæсгæ йын фæдæлдон уæвынæй тæссаг нæу. Уый хуыздæрырдæм фæбæрæг уыдзæн футболисттыл - сæ къæхтæ къаддæр бырдзысты. Исчи ахауд, зæгъгæ, уæд та уæззау цæфтæ нал исдзæн. Уæвгæ, футболон фæзыл ацы ран сæ къахвæд ныууадзынц 470 адæймаджы. Уыдоны хорздзинадææн ма ам хъуамæ сцалцæг кæной хинайæнтæ, дзаумæттæ ивæн уæттæ æмæ хъазæн фæзтæ. Цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты. Кусджыты дæр фæнды сывæллæттæн баххуыс кæнын æмæ тагъд архайынц. Боныхъæд сæ куы нæ хъыгдара, уæд иу мæйы фæстæ æвзонг футболисттæ ног фæзмæ рацæудзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще