Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты хъæрæй кæсынæй ерыстæ

20.04.2022
Национ наукон чыныгдоны ма абон арæзт æрцыд хъæрæй аив кæсынæй чемпионаты республикон финал. «Страница 19» , зæгъгæ, ерыстæ фыццаг хатт арæзт цæуынц Дзæуджыхъæуы. {ЗКД} Сæ арæхстдзинад æвдыстой хистæр кълæсты ахуырдзаутæ, 14-æй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Скъоладзаутæ кастысты сæ тексттæ гæххæтæй. Жюрийы уæнгтæ та кастысты архайджыты кæсыны техникæ æмæ артистизммæ. Сывæллæттæ бацархайлтой ерысты зæрдæргъæвдæй. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Чемпионаты хæс у æрыгæттæм кæсыны культурæ срæзын кæнын æмæ сæ хуыздæр литературон уацмыстимæ базонгæ кæнын. Мадзалы архайынц нæ бæстæйы 40 регионы. Уæлахиздзаутæ архайдзысты æппæтуæрæсеон æрдæгфиналы. Уыдзæн майы. Ерысты иннæ къæпхæн, ома финал, арæзт æрцæудзæн Мæскуыйы аивадон театры сценæйыл. Уæлахиздзауы схорзæхджын кæндзысты 300 мин сомæй. Ратдзысты ма йын хистæр кълæсты ахуырдзауты хсæн хъæрæй кæсыны Уæрæсейы уæлахиздзауы ном. Ерыстæ æрхъуыды кодтой 2015-æм азы Новосибирскы. Сарæзта сæ Михаил Фаустов. Уый у хистæрты хсæн хъæрæй кæсыны ерысты аразæг дæр. Архайджытæ æнæ цæттæ кæнгæйæ кæсынц æнæзонгæ текст - уырыссаг æмæ фæсарæйнаг прозæ стæй поэзи. Аргъ сын дæттынц дыууæ домæнмæ гæсгæ, кæсыны техникæ æмæ артистизм. Техникæмæ хауы, куыд рæсыгъд æмæ раст кæсынц архайджытæ. Артистизммæ та хауы, рауад кæсæгæн скъуыддзаджы цы эмоцитæ ис, уыдон равдисын, æви нæ. Кæд сын, автор цы зæгъинаг уыд йæ уацмысы, уый равдисын рауад, уæд райсдзысты 6 баллы. Кæд нæ, уæд та къаддæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще