Лæдзæджы `ххуысæй
Кæддæр Цæгатаг адæмыхæттытæ сæхи цæмæй ирхæфстой, уыцы хъазты хуыз ныр æнусты сæрты æрхæццæ ис мах регионмæ дæр. Дзæуджыхъæуы уыд нæ республикæйы фыццаг чемпионат мас-рестлингæй. Ирыстоны ацы спорты хуыз кæй фæфидар, уый æрмæстдæр иу хъуыддагыл дзурæг у. Адæмæн ссис уарзон. Гæнæн ис, æмæ нæ рагфыдæлтæм дæр йæ хуызæн хъазт кæй уыдис, уый тыххæй. Уæгъдибар хъæбысхæст уа, футбол, кæнæ хоккей - спорты ацы хуызтæ ирон адæмæн сты уарзон. Фæлæ мас-рестлертæ чи сты, æмæ цы мигæнæг сты, уый бирæтæн Царциаты диссагау у. Спортуарзджыты цымыдисы кæй бафтыдта, уымæ гæсгæ йын цыбыр рæстæгмæ табугæнджытæ дæр фæзынд. Спорты ног хуызы йæ тыхтæ бавзарын кæй бафæндыд, уыдон дзæвгар сты. Мас-рестлингæн бындур æрæвæрдтой Якутийы. Уым нымад у национ спорты хуызыл. 2000 азы райдиан та йæ бахастой Æппæтуæрæсеон спортивон хыгъдмæ. Якутаг æвзагыл дзырд «мас» амоны «лæдзæг». Хуымæтæджы нæ. Уæлахизы тыххæй дзы хъæуы ныхмæлæууæджы къухтæй лæдзæг аскъæфын, кæнæ та йæ быцæугæнæн фæйнæджы сæрты химæ æрбаивазын. Дыууæ раундмæ уый кæй къухы бафта, уый кады нысаны аккаг бацис. Ацы спорты хуыз кæд хæрзæрыгон у, уæддæр ын йæ уайтагъд бафиппайдтой йæ арф философон хъуыды. Уæдæ йæ тактикæ дæр иннæтæй хицæн кæны. Спорты домæнтæ сты хуымæтæг, ерысгæнæджы хъæуы бацархайын, цæмæй йæ быцæугæнæг йæ къæхтыл фидар ма фæлæууа. Иннæ спорты хуызтимæ йæ бæтты æрмæстдæр иу хъуыддаг, хъуамæ æнæмæнг баст уой ныртæккæ тохы фæзы цы цæуы, уыимæ. Нæ республикæйы мас-рестлингæй чемпионат сарæзтой фыццаг хатт. Йæ архайджыты бæрц та уыд 50 адæймаджы. Спортсментæ хæцыдысты 5 уæзмæ гæсгæ. Кæронбæттæн хатдзæгмæ гæсгæ, сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы уæнгтæ. Æвæрд сыл æрцæудзæн егъау æмæ вазыгджын хæс - Цæгат Ирыстоны кад бæрнондæр æмвæзадыл хъахъхъæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще