Ипотекæ æнцондæрæй
Уæлæмхасæн социалон æххуыс райсдзысты ипотекæйы кредиттæй цы æрыгон бинонтæ спайда каной, уыдон. Уый тыххæй закъоны проект абон сфидар кодтой Цæгат Ирыстон парламенты æмбырды. Закъонмæ гæсгæ субсидитæ дæттдзысты хæдзар æлхæнгæйæ, æххуысхъуаг адæм фыццаг фыст куы кæной, уæд. Уымæй уæлдай ма сын фадат уыдзæн ипотекæйы проценттæ компенсацийы хуызы райсын дæр. Депутаттæ ма ивддзинæдтæ бахастой бирæфатерон хæдзæрттæ бындурон цалцæджы фæткмæ дæр. Ныр бындурон цалцæджы регионалон программæйы фæрæзтæй фыццаджыдæр цалцæггонд цæудзысты газуадзæн æмæ лифтыты системæтæ. Куыстыты æмгъуыд та хицауад бæрæг кæндзæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæйы 449 лифты кæй базæронд сты. Ног закъоны руаджы Дзæуджыхъæуы æмæ Мызуры ацы аз сæ иу хай баивдзысты. Æмбырды ма байхъуыстой республикон бюджет 2017-æм аз æмæ 2018-æмы фыццаг кварталы куыд хардзгонд æрцыд, уымæ. Муниципалон сахаты фæлгæты та доклад бакаст Æры доны районы администрацийы сæргълæууæг Тотраты Владислав. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще