Æрдзы хъæздыгдзинадæн
Алагиры районы фарон цы таладон сарæзтой, уый фæрæстмæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ног аз нæ республикæйы алыхуызон бæлæсты бæрц фæфылдæр уыдзæн. Раздæр-иу цы бæлæсты хуызтæ нæ фаг кодта, уыдон Цæгат Ирыстонмæ æндæр рæттæй ластой. Уæлдай хæрдзтæ æмæ рæстæгсафæнтæ. Хорз, æмæ нæхимæ фæзындис ныр ахæм ран. Таладоны бæлæсты сыфтæртæ кæм æмæ кæд ссыбар-сыбур кæндзысты, уый та уын ныртæккæ нæ уацхæссæг радзурдзæн. Ацы рæсугъд рæгътыл дыргътæ æмæ халсартæ нæ фæндзынæ. Сæ фарсмæ æрбынат кодтой тулдз æмæ уис бæлæстæ æмæ æхсæлытæ. Æдæппæтæй зайæгойты 10 хуызы. Таладоны зайын кæнынц куыд æрмæстдæр аивгæнæн цъæх фæлыстæ, афтæ нæ республикæйы чи зайы, ахæмтæ: фатхъæд, кæрз æмæ гледичиятæ. Алагиры районы таладон сарæзтой экологийы азы фæлгæты. Уыцы рæстæгмæ стыр куыст бакодтой. Фæзуат ссыгъдæг кодтой къутæртæ æмæ хæмпæл кæрдæгæй. Бауагътой йæм коммуникацитæ: дон, электрон тых, сарæзтой хъæрмуаттæ. Талатæм æппынæдзух хъæуы зилын. Дон сыл фæкæнынц бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Уæдæ мæр дæр хъуамæ фæлмæн уа. Уымæ гæсгæ æрмæст ацы аз зæхх 5 хатты барывтой. Ныр ма уал талатæ кæрх гыццыл сты, фæлæ цалдæр мæймæ сырæздзысты. Фидæн уалдзæджы та сæ уæй кæнæн дæр уыдзæн. Талатæй саив кæндзысты Дзæуджыхъæуы уынгтæ, парктæ, сквертæ дæр. Хорз хъæдæрмæгæн чи бæззы, уыцы бæлæсты хуызтæ та республикæйы хъæды фонды фæфылдæр кæндзысты. Фидæны ацы таладон Цæгат Кавказы хъуамæ суа æппæты стырдæр. Сæ продукци нæ республикæйы фаг дæр уыдзæн, уæй йæ кæндзысты сыхаг регионтæн дæр. Куыстуат фæнд кæны административон бæстыхæйттæ саразын, техникæйæн саратæ. Сæйрагдæр та мыггаг кæм дардзысты, ахæм агъуыстытæ. Уым сæ дардзысты æмбæлгæ температурæ æмæ уымæлады. Уæд хъæдты хъæздыгдзинадыл æнцондæр бакусæн уыдзæн. Бæлæсты хуызтæ та кæндзысты фылдæр æмæ парахатдæр. Фадат уыдзæн мыггæгты фонд саразын дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv