Кутузовы номыл хæдзары цæрджытæ курынц сæ бирæуæладзыгон хæдзар кæлæддзагыл банымайын

16.04.2022
Кутузовы номыл хæдзары цæрджытæ æрвылбон цы лыггæнинаг фарстатимæ æмбæлынц, уыдон нымад чи фæуыдзæн. Хæдзары сæрæй тæдзы, пъадвалы дон æмбырд кæны, къултæ схъуына сты. Уымæ гæсгæ цæрджыты тас бацыд. Алырдæм фыстой, хъусын кодтой сæ уавæры тыххӕй, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй нæ фезмӕлд. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Ам хи хъарутæй дæр ницыуал бакæнæн ис. Кутузовы номыл уынджы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иуы цæрджыты цардмæ батæхуды кæнæн нæй. Бахаудысты уымæлад æмæ хъуынайы уацары. Ам алы къуымы дæр ис хъуынайы бын. Ацы фондзуæладзыгон хæдзары ис 130 фатеры. Уыдонæй алы фатеры дæр у уымæл. Ахӕм уавæры сӕрстытӕ згъæлынц, къулты зыхъхъыртæ фæзыны. Уымæй уæлдай-ма, къæвда бон хæдзары сæрæй лыстæг сасир рауайы. Дон æмбырд кæны пъадвалы дæр. Уæдæ хæтæлтæ дæр заууат уавæрмæ кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ æппынæдзух атонынц. Æвзæр тæф дæр дзы кæны. Уæвгæ йыл цæрджытæ фæцахуыр сты. Сæхи хардзæй цæрджытæ цалцæг кæнынц электрон тыхы телтæ дæр. Æртыккаг уæладзыгмæ ссæугæйæ дзы фенæн ис, фарон цы бæллæхы бахаудысты, уыцы зынгсирвæзты фæстиуджытæ дæр. Уæд хæдзар æнæ цырагъæй баззад. Цæрджытæ йæ хи хъарутæй цалцæг кодтой. Цæрджытæ сæ хъаст канд администрацимæ нæ хастой. Зæрдæ дардтой, кæлæддзагыл æй банымайдзысты, зӕгъгӕ, æмæ фарста йæ мидбынатæй сызмӕлдзӕн. 2020 азы цæрæнуæтты инспекци ногæй биноныгæй æкаст хæдзары уавæрмæ. Фæлæ та йæ ныр дæр кæлæддзагыл нæ банымадтой. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ацы бирæуæладзыгон хæдзары тыххæй фехъусын кодтой республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн, цæмæй йæ программæмæ бахæссой. Хыгъды ма ис ноджы 18 хæдзары. Уавæр цæхгæр кæд фæивдзæн, уый бæлвырд бӕрӕг нæу. Цæрджыты уал хъæуы банхъæлмæ кæсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще