Зруджы аргъуан цалцæг кæнынц, фæвæййынц доныбылгæрæттæ фидар кæнын
Зруджы аргъуаны кæронмæ фæхæццæ кæнынц доныбылгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ. Цалцæджы проект нысангонд у 3 азмæ. Куыстытæ кæнынц Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилейы кадджын мадзæлтты фæлгæты. Ног азы райдайдзысты аргъуан реставраци кæнын. Цы хай дзы ныккалд, уый дæр сног кæндзысты. 2 мин бæрзæндыл - Зруджы комы уддзæф - Зæрин Мадымайрæмы аргъуан. Йæ фылдæр хай ныридæгæн ныккалд. Архитектортæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнæхъæнæй баззад аргъуаны мидуат. Ацы нывондгæнæны кувынц 11-æм æнусӕй нырмæ. Бынæттон цæрджытæ ныр дæр сæ фæндаг ардæм арæх ракæнынц, Мадымайрæмæй курынц сабырдзинад æмæ амонд. Нæ рагфыдæлты æгъдæуутæ ацы ран æххæст кæнынц Хозиты, Бирæгъты, ТаугЬазты æмæ Гусалты мыггаджы минæвæрттæ. Аргъуаны къултæ сабыргай пырх кодтой цæугæдоны аххосæй. Цы обауыл лæууы, уый былгæрæттæ сындæггай дон бахордта. Ныр дæр афтæ. Къуылдым куыд кæлы, афтæ йемæ кӕлынц аргъуаны æрдынæг æмæ йæ къултæ. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы рухс бынат рагæй цалцæг кæнын хъуыд. Реставраци райдайынмӕ специлаистты размæ вазыгджыг хæс æвæрд ис - канд аргъуан сфидар кæнын нæ, фæлæ ма йæ алфамблай дæр. Цæмæй та фидæны цæугæдон былтæ ма хæра. Аргъуаныл 1 мин азæй фылдæр цæуы, уæдæй нырмæ æнæвнæлд сты йæ нывтæ. Дæсны ахуыргӕндтӕ куыд зæгъынц, афтӕмӕй ацы аргъуан у Цæгат Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны астæуккаг æнусты архитектурон цыртдзæвæн. Куыстытæ та конд сты, стæмыл нымад чи сты, ахæм æрмæджытæй. Ацы азы кæронмæ фæнд кæнынц доны былгæрæттæ сфидар кæнын. Куыстытæ кæнынц сæрмагонд проектмæ гæсгæ, хауы Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилейы кадджын мадзæлтты программæмæ. Дзуары къæсæрæй бахизӕн адæмæн сæ бон суыдзæн 2022-æм азы. Гогаты Марат _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще