Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц хæхты бон

18.04.2022
Æмæ ма нæ программæйы кæронбæттæны хъусынгæнинаг. Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц хæхты бон. Снысан æй кодтой Иугонд Нациты организацийы 57-æм Генералон ассамблейæйы уынаффæмæ гæсгæ. Йæ бындуры уыдис ацы экосистемæ хъахъхъæнын æмæ йын йæ райрæзтыл кусын. Уæрæсейы хохы рæгътæ арвыцъæхмæ кæм фæцыдысты, ахæм рæттæ бирæ ис. Бæлвырдæй дзургæйæ, хæхбæстæ фенæн ис нæ бæстæйы 43 регионы. Хæхтæ канд рæсугъд не сты, фæлæ ма сын ис практикон нысаниуæг дæр. Ирдæй бæрæг дарынц боны ахастыл, сты нуазыны доны æвидийгæ æвæрæнтæ, цæуынц дзы æрзæткъахæн куыстытæ адæмон хæдзарадæн. Уæдæ се `хсæн баулæфынмæ чи тырны, уыцы адæмы та нымад дæр ничи фæуыдзæн. Æмæ кæд Хуыцау хорзæхтæ уæрста, уæд дзы нæ республикæмæ æрхауд дзаджджын хай. Уымæн æмæ мах хæхтæ, Уæрæсейы тæккæ стырдæр æмæ аивдæр чи у, уыдон сты. Кæд Хуыцауы бафæнда, уæд ма сæ рæхджы ноджы сæрбæрзонддæр уыдзыстæм. Куыд зонут, афтæмæй ныртæккæ нæ республикæйы хицауад кусы Цæгат Ирыстоныл туристты иузæрдион кæныныл. Уый нысанæн цалдæр азмæ Мамысонгомы хъуамæ райрæза, афæдзы дæргъы йæхимæ чи `лвасдзæн, ахæм курорт. Уæвгæ нæм ныр дæр ис, уазæг тæккæ фыццаг кæдæм абалц кæны, ахæм рæттæ. Национ парк «Алани»-йæ райдай æмæ, æхсæвы стъалыты дзир-дзурмæ кæм сбон вæййы адæймагыл, уыцы æнæвнæлд кæмттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще