Чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Цыппурсы æхсæв

18.04.2022
Чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Цыппурсы æхсæв. Цæгат Ирыстоны Епархийы ацыд бæрæгбоны аргъуыд. Адæм скуывтой Хуыцаумæ. Чырыстийы райгуырды бæрæгбон арæзт æрцыд, куыд æмбæлы, афтæ. Æхсæнадон фæтк хъахъхъæдтой пъæлицæйы кусджытæ. Æмбисæхсæвмӕ нырма бирӕ хъӕуы, афтӕмӕй Дзæуджыхъæуы Епархийы адæмæй къух бакæнæн нæй. Бæрæгбоны фæдыл Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид кувы Хуыцаумæ. Епархимæ æрбацæуджытæ фæллад нæ зонынц. Кувынц зæрдæбынæй æмæ сыгъдæгзæрдæйæ. Чырыстон динмæ гæсгæ Цыппурсы бæрæгбонмæ хъуамæ алы адæймаг дæр йæ уд ссыгъдæг кæна, цырæгътæ ссудза, йе `нусон бынатмæ чи ацыд, уыдоны ном æрхъуыды кæна æмæ æнæмæнгæй цавæрдæр бæллиц хинымæры снысан кæна. Дзæуджыхъæуы Епархи саив кодтой алыхуызон цырæгътæ æмæ гирляндатæй. Цыппурсы бæрæгбон куы райдайы, уæд чырыстон диныл хæст адæмæн кæронмæ æрхæццæ вæййы, 40 боны цы ком дардтой, уый дæр. Комдзаг акæнæн нæ вæййы, цалынмæ арвыл фыццаг стъалы нæ фæзына, уæдмæ. Уый нысан кæны Чырыстийы райгуырд. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще