Цæстдарæн кусæндæтты минæвæрттæ дарддæр аразынц иумæйаг рейдтæ
Цæстдарæн кусæндæтты минæвæрттæ дарддæр аразынц иумæйаг рейдтæ. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени, паддзахадон инспекци æмæ Уæрæсейы транспортмæ цæстдарды кусджытæ бæрæг кæнынц æхсæнадон транспорты санитарон уавæр. Пандемийы аххосæй шофыртæн амынд ис 7 адæймагæй фылдæр ма ласын. Иууылдæр хъуамæ уой медицинон гамхудты æмæ æрмкъухты. Специалисттæ æркæсынц хæдтулгæйы уавæрмæ дæр. Ахæм куыст арæзт цæуы æрвылбон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще