Цæгат Ирыстоны цæуы æппæтуæрæсеон акци

18.04.2022
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ æппæтуæрæсеон акци «Скъоламæ фæндаг»-ы фæлгæты сбæрæг кодтой, Дзæуджыхъæуы æмæ районты скъолаты цур фæндаджы сæрты цы фистæгцæуæн ахизæнтæ ис, уыдоны уавæр æмæ фæндаггон нысæнттæй ифтонгад. Активисттæ Дзæуджыхъæуы ахуырадон уагдæтты цур сарæзтой рейдтæ. Цы хъæндзинæдтæ рабæрæг кодтой, уыдон фæнысан кодтой гæххæттыл. Ныр сыл бæрнон кусджытæ бакусдзысты. Скъоладзаутæ цæмæй фыдбылызæй хъахъхъæд уой, уый тыххæй ис бæлвырд домæнтæ. Ахуырадон кусæндæтты цур фæндæгтæ хъуамæ ифтонг уой сæрмагонд нысантæй, сæ былгæрæттыл та хъуамæ æвæрд уа бырутæ, цæмæй сывæллæттæн тæссаг рæтты фæндагмæ рацæуыны фадат ма уа. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады æмсæрдар Цæгæраты Русланы ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ ахуыргæнджытæн сты ахадгæ æмæ сæ дарддæр араздзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще