Суинаг хæринаггæнæг
Ирон фынг ирон чъиритæй фидауы. Ирыстойнаг сылгоймæгтæ сæ куыд скæныдзысты, афтæ ничи. Фæлæ ныр ууыл ахæснаг кæнæн ис. Æрыдойнаг лæппу Дзансолты Марат нырма ахуыр кæны æртыккæгæм къласы. Табуйаг хæринаг кæнынмæ йæм ис курдиат. Базыдта хойраг цæттæ кæныны сусæгдзинæдтæ. Йæ сæрæн къухæндзæвдæй хыссæ раудæгас вæййы. Урс-урсид цыхтæй дарддæр ма бæркадкъух æфсинау тагъд акæрды къабускайы, кæнæ та цæхæрайы сыфтæ. Уæвгæ, чъириты иннæ хуызтæм дæр сæрæн у. Уый ныртæккæ базондзыстут нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæйы æрмæгæй. Чысыл Мараты чъириты хæрздæфы уацары бахауд, ныр дæр, дам, ма мæ зæрдыл лæууы. Æртæккæ уыцы чъирийы уындæй сымах комыдæттæ дæр æруайдзысты. Дзансолты Маратыл 9 азы йеддæмæ нæ цæуы. Фæлæ ирон чъиритæ кæнынмæ тынг сæрæн у. Куыд зæгъы, афтæмæй йæм фыццаг хатт ахæм хойраг кæныны хъуыды фæзынд 2 азы размæ. Уæдæй абонмæ чъиритæ кæныны сусæгдзинæдтæй Марат алцыдæр базыдта. Абон сæ махæн дæр раргом кодта. Фыццаджыдæр, æрцæттæ кæны, хыссæ кæнынæн æй цыдæриддæр бахъæудзæн, уыдон. Куыд зæгъы, афтæмæй уыцы хъуыддаг хæрх хуымæтæг нæу. Цæмæй хорз рауайа, уый тыххæй дзы бирæ лыстæг хабæрттæ ис. Хъуамæ æхсыр æмæ дон æнæмæнг хъарм уой. Уый уал дын иу сусæгдзинад. Иннæты тыххæй дæр бæстон дзуры. Марат куыд зæгъы, афтæмæй хыссæимæ архайгæйæ, хъуамæ дæ зæрдæйы ахаст, æнæмæнг, хъæлдзæг уа. Уæд фæлмæн рауайы. Лæппу йыл тынг зæрдиагæй бацархайы. Æрмæст йæ къухтæй йæм нæ февналы, фæлæ ма йæ зæрдæйы сæртæй дæр. Канд чъиритæ кæнын нæ зоны Марат, фæлæ ма алыхуызон цымыдисаг салаттæ, йæ ныфс ма суанг пиццæмæ дæр бахæссы. Фæлæ уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ цæуы чъиритæ кæнын. Къуыримæ сæ цалдæр хатты дæр скæны. Хæрзæрæджы та ма конкурс «Лучше всех»-ы кастинджы дæр йæ арæхстдзинад равдыста. Чъиритæ куыд кæны, уыцы видеоæрмæг федтой конкурс аразджытæ æмæ йæм фæдзырдтой. Фæлæ ныхæстæн фаг фæуæд. Мараты хыссæ дарддæр цæттæ кæнын хъæуы æмæ та йæм бавнæлдта. Хыссæ цалынмæ рæгъæд кодта, уæдмæ нын Марат дзырдта йæ фидæнмæ пълæнттыл. Дæрддыл ын зилынц æмæ йын фехъусыны аккаг сты. Ацы лæппу канд хæринæгтæ кæнынмæ сæрæн нæу. Алыхуызон иртасæн æмæ зонадон конкурстæ, стæй олимпиадæты дæр æнтыстджынæй архайы. Бирæ хæттыты ссис уæлахиздзау куыд республикон, афтæ æппæтуæрæсеон конкурсты. Æмæ йæ цы нæ сцымыдис кæны... Зæгъæм, цæхх нæ буарыл куыд бæрæг дары, уый бæстонæй базыдта. Бакуыста ма сывæллæтты æхсыры дæндæгты тыххæй зонындзинæдтыл дæр. Ацы ныхæстимæ йæ хыссæ дæр сцæттæ. Мараты уый нæ рох кæны æппындæр. Æртæ дихы йæ акодта æмæ февнæлдта! Йæ гыццыл къухтæй йæ афтæ рæвдз атъæпæн кодта, æмæ цалынмæ ууыл дис кодтам, уæдмæ чъири тебæйы балæууыд. Цалдæр минуты фæстæ Мараты фæрцы пецæй рагæпп кодта хурварс чъири. Не сфæлдыстадон къордæн дæр ма дзы фæхай кодта. Тынг хæрзад уыдис, раст сæ цыма фæлтæрдджын хæринаггæнæг скодта, афтæ нæм фæкаст. Æвæццæгæн, Дзансолты чысыл кæстæрæн йæ фидæн бæрæг у. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще