Дзæуджыхъæуы скъолаты райдиан кълæсты сывæллæтты ифтонг кæнынц тæвд хæринагæй

17.04.2022
Цæгат Ирыстоны райдиан кълæсты ахуырдзаутæн цæттæ кæнынц лæвар аходæн. Тæвд хæринæгтæ, дыргътæ, халсартæ. Меню у хъæздыг, уыимæ ма, сæрмагонд. Уæлдай хъусæрдард та — хойрæгты хæрзхъæддзинадмæ. Скъолаты хæрæндæтты куыст йæ тæмæны бацæуы сæумæрайсом. Бæлвырддæр радзурдзæн нæ уацхæссæг Калоты Дзерассæ. Хæрзад æмæ сæйрагдæр та пайда хæринаг сцæттæ кæнынæн хæринаггæнджытæ сæ мигæнæнты уæлхъус балæууынц суанг райсомы 5 сахатыл. Хойрагтæй рагацау цæттæгонд ницы цæуы. Куыд горæты иннæ скъолатæм, афтæ 41-мæ дæр хойрагтæ ласынц Дзæуджыхъæуы сывæллæтты хæрды комбинатӕй. Хæринаггæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæм аходæн бацæттæ кæнынæн æппæт хъæугæ ифтонггæрзтæ дæр ис. Меню нысангонд æрцæуы 10 бонмæ. Вæййы бæркадджын. Хъæрмхуыппытæ, гречкæ, макЬаронтæ, катлеттæ, дыргътæ æмæ йогурттæ (урсагӕй конд, алыхуызон дыргъты адимæ, бæзджын, адджын æмæ хæрздæф хæринаг, кæнæ цыминаг). Нысангонд сты сывæллæттæн сæ хæйттӕ æмæ суткæмæ сæ калорийты æмбæлгæ бæрц дæр. Уæдæ хъуамæ витаминтæй дæр уой æххæст. Хæринаггæнджытæн уæлдай æхсызгон вæййы, сабитæ сæ тæбæгътæ куы сафтид кæнынц, æмæ та ног зонындзинæдтæ исынмæ куы вæййынц цæттæ, уӕд. Лæвар æмæ æххæст хæрд исынц, 1-æй 4-æм кълæсы онг чи ахуыр кæны, уыцы сывæллæттæ. 41-æм скъолайы ахуырдзауты нымæц чысыл нæу, æдæппæтæй — 1230. Уыдонæй 560 - кæстæр кълæсты ахуырдзаутӕ. Хæринаг кæныны куыст куыд æххæстгонд цæуы, уымæ йæ хъус æдзух дары скъолайы директор. Райсомы хæрдмæ цæттæ кæнынц 43-æм скъолайы хæрæндоны дæр. Кусджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй сæм ис æппæт кусæнгæрзтæ дæр. Ацы аз ма сæ сифтонг кодтой тæбæгътæ æмæ æндæр мигæнæнтæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, лæвар хæрдæй скъоладзауты æххæст кæнынц нæ бастæйы президент Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ. 2020 азы 1-æм сентябрæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще