Къарейаг хæстон аивад
Дзæуджыхъæуы ныр цалдæр майы дæргъы кусы тхэквондойы галуан. Ног бæстыхайы архайынц 500 спортсменмæ хæстæг. Сæ тренер та у Авет Оганесянц. Уый 10 азы дæргъы разамынд лæвæрдта Уæрæсейы иугонд командæйæн. Ныр та йæ зонындзинæдтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæтты. Аветы æппæты кæстæр хъомылгæнинагыл цæуы 5 азы. Уый кæй бафезмына ахæм цæрдæг чызджытæ æмæ лæппутæ ам тынг бирæ ис. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Фарон фæззæджы Дзæуджыхъæуы байгом кодтой тхэквондойы галуан. Ног бæстыхайы архайынц 500 спортсмены. Уыдоны хсæн нæ республикæйы иугонд командæ дæр. Командæйы сæйраг тренер Авет Оганесянц. Уый 10 азы дæргъы алыхуызон вазыгджын ерыстæм цæттæ кодта Уæрæсейы иугонд командæйы. Ныр дæр йæ хъомылгæнинæгтæй домы, цæмæй йæм коммæ кæсой, æмæ сын сæ размæ цы хæстæ æвæры уыдон æххæст кæной. Спортсментæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй архайынц ууыл, цæмæй тренировкæтæй ма цух кæнрой. Афтæ сæм кæсы, æмæ цы бон не` рбацæуой спорты галуанмæ, уыцы бон сæфт у. Тренировкæ райдайы хуымæтæг хæслæвæрдтæй: аивазынц се уæнгтæ, аратæх-батæх кæнынц, уæдæ гæппытæ дæр акæнынц, уыимæ ма баххæст кæнынц техникон хæслæвæрдтæ дæр. Тхæквондоимæ зонгæ чи нæу, уыдон дзырдбæстытæ долё чаги, твит чаги, тондолё чаги-йæн сæ нысаниуæг дæр нæ бамбардзысты, уæдæ цæмæн хъæуынц уый дæр нæ зоныдзысты. Афтæ хуыйнынц тхэквондойы цæфтæ. Сæ 90% æххæстгонд æрцæуынц къæхтæй куыд комкоммæ, афтæ зилдухимæ цæфы хуызы. Цæвын та хъæуы буары астæуккаг æмæ уæллаг хаймæ, ома риуыгуыдыр æмæ сæрмæ. Уыдон сбæлвырд кæнынц адæймаг цас фæразон у, уый. Сæйрагдæр у бæлвырд цæф кæнын. Тхæквондо хуымæтæг спорт нæу, вæййы дзы аивадимæ йæ чи бæтты, ахæм фæзындтæ дæр. Ахуырты райдиан тренер æмæ йæ хъомылгæнингтæ кæрæдзийæн къарейаг æвзагыл салам раттынц. Кæронбæттæны та разæнгардгæнæн ныхæстæ фæзæгъынц, цæмæй сæхиуыл фæхæцой æмæ уой ныфсджындæр. Цакоты Сæрмæт нымад у Ирыстоны тхэквондойы скъола стыр ныфсытæ кæимæ бæтты, ахæм спортсменыл. Ацы спорты хуызы архайы 11 азы. Рамбылдта Европæйы æмæ Дунейы ерыстæ,4 хатты та Уæрæсейы. Æрæджы та фыццаг бынат бацхста æппæтадæмон ерысты Бельгийы. Хъомылгæнинæгтæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй, спорты фæрцы хуыздæры рдæм ивынц. Куыд уæнгдыхæй, афтæ уды хъæдæй дæр. Сывæллæттæ тренировкæты æппынæдзух иумæ кæй вæййынц, уымæ гæсгæ кæрæдзиимæ цæрынц лымæнæй. Тренер сæ алкæйы дæр чысылæй нырмæ хъомыл кæны. Дæтты сын канд зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма уæлдай ныфс дæр. Фондзазыдзыд Тимур кæд ацы секцимæ æнæнхъæлжы æрбахауд, уæддæр цалдæр мæймæ сывæллонмæ фæзындис бæллиц, æмæ йæ сæххæст кæныныл архайы. Æмæ чысыл спортсменæн йæ фæндтæ йæ къухы дзæбæхæй бафтæнт. Тхэквондо йæ царды сæйрагдæрыл чи банымадта æмæ стыр æнтыстдзинæдтæ чи равдыста ацы спорты хуызы, уыдоны æхсæн Ирыстоны тхэквондойы скъолайы хъомылгæнинæгты нæмттæ гыццыл не сты. Челæхсаты Анисия, Тъанделаты Георгий, Цакоты Сæрмæт. Уыимæ ма зæгъын хъæуы уый, æмæ тхэквондойы ног галуан кæй фæзынд уый фæсивæдæн спорты бæрзæндтæм схизынæн уыдзæн ахъаз, Уæдæ тренертæ дæр семæ удуæлдайæ кусдзысты, цæмæй æрыгæтты зæрдæтæ уæлахизтæй райой, æмæ трен