Дондзæуæн хæтæлтæ ивинаг кæм сты, уыцы объекттæ сбæлвырд кодтой
Дондзæуæн хæтæлтæ базилинаг æмæ ивинаг кæм сты, уыцы объекттæ сбæлвырд кодтой. Ууыл бакусын цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарадæн бабар кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йæ уынаффæмæ гæсгæ, министрад сбæрæг кодта дондзæуæн системæ æппæты тынгдæр зæрдæхсаинаг кæм у, уыцы объекттæ. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрад хъуыддагыл бæстон бакуыста. Специалистты хатдзæгтæм гæсгæ, сæйраг дондзæуæн ситемæйы сыгъдæг донæй пайда кæны цæрджыты 86%. Æппæты æвзæрдæр доны уавæр у Алагиры районы - 23%. Æмткæй райсгæйæ, республикæйы 91 мин цæрæгæн сæ доны хæрхъæддзинад у дызæрдыккаг. Уыдонæй 48 мины сты Дзæуджыхъæуккæгтæ, 28 мин адæймаджы та цæры Алагиры районы. Чи баихсыд, уыцы хæтæлтæн сæ кæцыдæр хай рацараздзысты федералон æмæ республикон программæты фæрцы. Сæрмагондæй Алагиры дондзæуæн хæтæлтæ раивдзысты национ проект «Экология»-йы руаджы, Алагиры районы системæ та Дмитрий Козакы сæрмагонд протоколы фæлгæты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv