Ахсджиаг фарста
Теркмæ йæ хауæццæгтæ чи калы, уыдоны сбæрæг кæндзæн Цæгат Ирыстоны æрдзмæ цæстдарæн управлени. Уыйразмæ социалон хызæджы фæзындысты æвдисæн кадртæ. Бæрæг дзы дардтой, Теркмæ бур тæнгъæд дон кæй цæуы, уыдæттæ. Хабар уайтагъд адæмыл апарахат. Терк бур цæй аххосæй адардта, уымæн бирæтæ райдыдтой алыхуызон аххосæгтæ агурын. Фæлæ растдæр уыдзæн, æмбæлгæ æмæ хъомысджын кусæнгæрзтæ кæмæ ис, стæй йæ бон ахадгæ иртæстытæ кæмæн у бакæнын, уыдонмæ байхъусын. Цæмæй фæдисгæнджыты æмæ хуымæтæг цæрджыты тыхст басабыр уа, уый тыххæй æрдзмæ цæстдарæг инспектортæ донæй бæрæггæнæнтæ систой. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ горæты сæйраг цæугæдонмæ калынц бынæттон сыгъдæггæнæн системæйæ. Дарддæр сын цы кæндзысты, уый дæр хъуамæ сбæрæг уа. Цы трубатæй ракæлынц сæ уæлдæйдтæ,уыдон хауынц Дзæуджыхъæуы дондзæуæн хæтæлтæм. Терчы бур дн кæй фæзыны, уый æвæццæг уый аххосæй æмæ уыцы каналмæ ситфонг кодтой хæтæл. Ныридæгæн кæнæм административон æсгæрст. Йæ сæйраг нысан у-базонын, чи донмæ хауæццæгтæ чи бауадзы, уыдон. Афтæ хъуыды кæнæм ,æмæ уый у барда. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Похожие видео
Показать еще