Æхцайы фарста

20.04.2022
2017-æм азы нæ республикæйы бюджет æххæстгонд æрцыд. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой Хицауады æмбырды. Хорз бæрæггæнæнтæ ис хъалонты хыгъды дæр. Цæгат Ирыстон ахсы фыццаг бынат æнæхъæн Цæгат Кавказы Федералон Зылды. Уæлдайдæр æфтиæгты хъалон æмбырд кæнынæй - 24% фæфылдæр сты. 2 хатты та бюдджет фæхъæздыгдæр кодтой сæн уадзыны акцизтæ. 2017-æм азы уæлдай хъус дардтой инвестортæн хуыздæр гæнæнтæ саразынмæ, куысты мызд фæфылдæр кæнынмæ æмæ цæрджыты царды уавæртæм цæстдардмæ. Паддзахадон хæс январы бæрæггæнæнтæм гæсгæ у 9 миллиард сомæй фылдæр. Иннæ азимæ абаргæйæ, зынгæ фæкъаддæр ис. Уымæй уæлдай ма, фароны хатдзæгтæм гæсгæ, дефициты бæрц 1% йеддæмæ не `сси. Уый хорзыРдæм фæбæрæг уыдзæн республикæйы бюджетыл. Ивддзинæдтæ бахастой нæ республикæйы паддзахадон хæрзиуджыты закъонмæ. Битарты Вячеславы хъæппæрисæй, Цæгат Ирыстоны фæзындзæн Республикæйы фæллойы хъæбатыры ном. Уый уыдзæн тæккæ кадджындæр майдан. Дæтдзысты йæ, ахсджиаг бавæрæн нæ регионы экономикон æмæ социалон райрæзтмæ чи бахаста, уыдонæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще