Комкоммæ фембæлд
Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав радон хатт фембæлд районты цæрджытимæ. Абон уыд Дзуарыхъæуы Адæмимæ æрныхас кодта хъæуы ахсджиаг фарстатыл. Зæххытæм аздæхдтой уæлдай æргом. Бынæттон цæрджытæ курынц, цæмæй фосхизæн æмæ хуымгæнæн зæххытæ фæстæмæ хъæуы бæрны уой. Уымæй уæлда ма фæнысан кодтой, фæсивæдæн кæй нæй спотивон фæз. Адæмы зæрдæ ма `хсайы доны былгæрæттæ ранæй-рæтты фидаргонд кæй не `сты, уымæ дæр. Хъæуы лыггæнинаг фарстатæ бирæ ис. Кæцыдæртæм дзы ныридæгæн бавнæлдтой. Дзуарыхъæуы сараздзысты ног амбулатори, хъæуы бын та сæвæрдзысты ног сфетофор, Брытъиты Елбыздыхъой номыл уынджы та сараздзысты ног фæндаг. Сывæллæтты рæвдауæндон æмæ скъолайæн фæзындзæн сæхи автобус. Дыууæ сахаты æмгъуыдмæ республикæйы разамонæг дзуапп радта 20 фарстайæ фылдæрæн. Уымæй уæлдай. Дзуарыхъæуккæгтæ Битарты Вячеславæн арфæ ракодтой Джеоргуыбайы бæрæгбон фæлладуадзæн бон кæй скодта, уый фæдыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv