Ахсджиаг фембæлд
Цæгат Ирыстоны пысылмæтты æхсæнады минæвæрттæн уыд сæрмагонд æмбырд. Архайдта дзы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Æрбацыдысты ма муниципалон скондты разамонджытæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис, стæй республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Башарина. Æмбырд байгом кодта Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хадзмурат. Æмбырды архайджытæн равдыстой цыбыр видеоæрмæг, нæ республикæйы пысылмæтты æхсæнады тыххæй. Фæсивæдæн аразынц ахуырадон мадзæлттæ, лекцитæ экстремизм æмæ радикалон фæзындты ныхмæ тох кæнынæн. Уыимæ ма арæх расидынц алыхуызон цымыдисаг викторинæтæ, дины сæ зонындзинæдтæ цæмæй фæарфдæр уой, уый тыххæй. Æхсæнады уæнгтæ сæ цæст дарынц æххуысхъуаг бинонтæм. Арæх аразынц сыгъдæгдзинады зиутæ. Битарты Вячеслав фæбæрæг кодта, фидæны пысылмæтты æхсæнад æмæ хицауады æмгуыстад фидардæр æмæ уæрæхдæр кæнынæн æппæт хъæугæ мадзæлттæ кæй араздзысты. Уымæй уæлдай ма æрныхас кодтой, фæсивæды мидварны райрæзтæн цавæр хъуыддæгтæ саразын хъæуы, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще