Битарты Вячеслав фембæлдзæн Кировы районы цæрджытимæ

19.04.2022
Битарты Вячеслав дарддæр æмбæлы Цæгат Ирыстоны цæрджытимæ. Абон нæ республикæйы сæргълæууæг бабæрæг кæндзæн Кировы район. Сæ фæрстытæ раттыны бар уыдзæн Елхот æмæ Комсомольскæйы цæрджытæн. Æмбырд сараздзысты Елхоты культурæйы бынæттон галуаны. Фембæлд райдайдзæн 18 сахаты æмæ 30 минутыл. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг сæ арæх аразы. Битарты Вячеслав ныридæгæн бабæрæг кодта Æрыдоны æмæ Алагиры районтæ. Цæрджыты фæрстытæ фылдæр баст вæййынц зæххытимæ. Бирæ хъæуты хæдзæрттæм дон кæлы къуылымпытимæ. Уымæй уæлдай ма адæмы тыхсын кæнынц æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ахуырады къабæзты хъуыддæгтæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще