Уæлахизы боны кадæн Беслæны ипподромы сарæзтой бæхтыл дугътæ
Æндæр хабæртты тыххæй. Уæлахизы боны кадæн Беслæны ипподромы сарæзтой бæхтыл дугътæ. Æрбацыдис сæм сæдæгæйттæ нæ, фæлæ раст мингай адæймæгтæ. Ерысты уæлахиздзаутæн байуæрстой 250 мин сомы. Хуыздæрты та сбæрæг кодтой 4 къæпхæнмæ гæсгæ. Ерыстæй уæлдай ма республикæйы цæрджытæн бацæттæ кодтой концертон программæ. Куыд æмбæлы, афтæ дзы азæлыдысты хæстон уацмыстæ дæр. Бæхтæ æмæ сæ барджытæ сæхи куыд равдыстой, уый федта не сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Гогаты Маратæн. Куыд зæгъы, афтæмæй йын бæх нæ фæцис, æндæр йæхæдæг дæр дугъы ауадаид. "Цассыгхæццæ бæрæгбон". Афтæ райдыдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ ныхас. Фæбæрæг кодта, Уæлахизы Бонæй кадджындæр бæрæгбон канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма æгас Уæрæсейы дæр кæй нæй. Уæлахиз чи æрхаста, уыдонæн бузныг зæгъынмæ æрбацыд Беслæны ипподроммæ æрбацыд. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты хъæбатырты номыл дугъ кæй кæндзысты, уый фенынмæ адæм раивылдысты. Къах бавæрæн дæр дзы нал уыд. Фыццаг дугъы йæхи æнтыстджынæй равдыста бæхылбадæг Ислам Богатырев. Йæ бæхы ном "Мактум Голд", зæгъæ. 2 азы йыл цæуы. Ерысты архайы фыццаг хатт. Кæд нырма æрыгон у, уæддæр иннæты йæ фæстæ фæуагъта. 1200 метры дæрддзæгыл фыццаг фæуæлахиз. Барæгæн саккаг кодтой сæрмагонд лæвар - Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы хъæбатырты номыл. Ныфс дардзтам кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, ууыл. Бæх хорз архайы йæхæдæг. Фæндаг кæд æвзæр уыди æмæ дзы зын цæуæн уыд, уæддæр ыл нæ фæбæрæг. Ахуыр у ахæмыл. Згъорын бирæ уарзы. Нырма æрæджы райдыдта. Æмæ мæнæ ахæм бæхылбадæгимæ йын фидæны стыр фадæттæ ис. Афтæ дарддæр куы ахæсса, уæд ай нæ фыццаг уæлахиз нæ уыдзæн. Ацы ерыстæм бæхтæ фыццаг хатт кæй рацыдысты, уый тыххæй сæм уæлдай цæстдарынц. Цæмæй адæмæй ма фæтæрсой, уый тыххæй уал сæ сæ рæзты ракæнынц. Афтæмæй, дам, сыл фæцахуыр уыдзысты æмæ æнцонтæй дугъ кæндзысты. Бæхтæ сты хæрзмыггаг. Уæвгæ, се*ппæт нæ. Сæ иу "Сонька", зæгъгæ. Йæ саргъы Бясты Марат афтæмæй дугъы кæронмæ ф ыццаг æрбахæццæ. Рамбылдтой Рахизфарсы районæй рацæугæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл лæвар. Ахæм ерысты фыццаг хатт нæ архайынц. Уæлахиздзау уæвын дæр сын зонгæ хъуыддаг у. Фæлæ, барæджы ныхæстæм гæсгæ, уый тыххæй бирæ кусын хъæуы. Ныр та конкур. Бæхты сопртивон-скъолайы архайджытæ сæ арæхстдзинад æвдисынц. Сæ размæ цы цæлхдуртæ ис, уыдоны сæрты хъуамæ ахизой. ныртæккæ быруйы бæрзæнд у 70 см. Уыимæ ма йæ уæлдæрæй-уæлдæй кæнынц. Æдæппæтæй ацы къæпхæны архайы 8 спорстмены. Быруйы сæрты ахизын иу хаттæй иннæмæ вæййы зындæр. Уымæ гæсгæ архайджытæй алчи йæ хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй нæ сæххæст кæны. Кæронбæттæны быруйы бæрзæнд сси 175 см. Йæ сæрты агæпп кæнын бæхæн æнцон нæу, зæгъынц спортсментæ. Фæлæ дзы сæрæнтæ разыны. Элина Мурадянцыл 14 азы йеддæмæ нæ цæуы. Уыдонæй 3 азы бæхты спортмæ æмхиц у. Ацы ерысты чызг йæхи иттæг хорз равдыста, фæлæ йын кæронбæттæн хæслæвæрд сæххæст кæнын нæ рауад. Мæхи бæх фæрынчын ис. Ацы ерысты кæимæ архайдтон, уй та у скъолайы бæх. Æмæ йыл кæд 27 азы цæуы, уæддæр быруты сæрты сæрæнæй гæпп кæны. Сæрыстыр дзы дæн. Цæттæ дæр нæхи æппындæр нæ к