Территориалон æхсæнадон хиуынаффæйады куыст

19.04.2022
Сывæллæттæн хиирхæфсæн фæзтæ аразын, æфснайæн зиутæ расидын, бæстонæй бæрæгбæттæм цæттæ кæнын, æххуысцух адæммæ хъæугæ цæст дарын. Ацы хъуыддæгтæ къухы `фтынц æхсæнадон хиуынаффæйады бæстон куысты руаджы. Абон сæ ахадындзинад парахат кæны. Цæгат Ирыстоны сты Кировы æмæ Мæздæджы районты. Афæдзмæ активисттæ адæмы зæрдæтæ балхæдтой. Куыд кусынц æхсæнадон хиуынафæййады уæнгтæ, цавæр æнтыстдзинæдтæ бафтыд сæ къухы. Æххуысцух бинонтæн баххуыс кæнын, фæзуæтты банывыл кæнын, бæрæгбæттæм цæттæгæнæн мадзæлттæ аразын. Ахæм æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ Даскъофы цæрджытæ райстой сæхимæ. Афæдз размæ, цæрджыты раззагдæртæ сарæзтой территориалон æхсæнадон хиуынафæйадтæ. Ацы хъæуы сты 2. Бæттынц хъæуы цæрджыты администрациимæ. Сæ фæрцы фарон Даскъофы фæзынд сывæллæтты ирхæфсæн фæз. Ацы аз дæр сæм пълæнттæ ис. Зæгъæм, Уæлахизы боны 75 азы кадæн фæнд кæнынц бæлæсы талатæ ныссадзын. Къобесты Маринæ, Даскъофы скъолайы директор: «Мæ сæрæй ныллæг кувын ацы адæмæн. Æз алы хатт фæдзурын: мах куы нæ архайæм, уæд чи? Ай у нæ хъæу, самбон цавæр уыдзæн, уый махæй аразгæ у. Мæнмæ гæсгæ, мах бирæ аразæм, бирæ архайæм. Ахæм ногдзинады фæрцы та хъуыддæгтæ размæ цæуынц. Ахæм хъуыддагæй рапæллын алкæмæндæр йæ бон нæу». Ацы хатт территориалон æхсæнадон хиуынафæййады архайджытæ сарæзтой зиу. Зæгъæн ис, æмæ æфснайæн куыстытæм йæ къух бакодта хъæуы алы цæрæг дæр. Æппæты риссагдæр фарстатыл хъæуы цæрджытæ ныхас кæнынц иумæйагæй. Хъæуы хицауы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаг у советон традициты фæстæмæ раздæхт. Мæздæджы æхсæнадон кусджыты та не сфæлдыстадон къорд баййæфта кусгæ рæстæг. Мæздæджы ис 9 территориалон æхсæнадон хиуынафæййады. Алы сæрдарæн ис йæ бæрны чи ис, ахæм фæзуат. Ам дæр, куыд Даскъофы, афтæ цæрджыты разæнгард кæны иу хъыды – иумæ райгуырæн бæстæ рæсугъддæр кæнын. Галина Николаева, Мæздæджы территориалон æхсæнадон хиуынафæййады сæрдар: «Алыхуызон фарстатæм горæты администраци йæ хъус дары. Ныффыстам фыстæг. Бафæндыд нæ сывæллæтты парк банывыл кæнын æмæ ацы фарстайыл администраци бакуыста. Уый тынг æхсызгон у. Программæ «Городская среда»-йы фæлгæты алцыдæр бантыст». Территориалон æхсæнадон хиуынафæййадты архайджытæ фылдæр сты пенсиисæг адæм. Фæлæ æрæджы сæ хыгъдмæ бацыдысты фæсивæды уæнгтæ дæр. Ис сæм алыхуызон пайда æмæ ног хъуыдытæ. Территориалон æхсæнадон хиуынафæййадтæ саразыны хъуыды фæзынд нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславмæ. Ныридæгæн сты 13. Фидæны фæзындзысты Цæгат Ирыстоны алы районы дæр. Ацы аз муниципалон скондты æмбырд раситдзæн «Лучший специалист в сфере местного самоуправления», зæгъгæ. Сæрмагонд номинацийы та дзы архайдзысты территориалон æхсæнадон хиуынафæййадты сæрдартæ. Æркасты хатдзæгтæм гæсгæ, уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео