Куыд кусут?
Цæмæй сывæллæтты хæдзарæй сабийы райсай, уый тыххæй цы бакæнын хъæуы? Цæмæй ныййарджытæ сывæллоны хуыздæр базоной, йемæ базонгæ уой, уым цавæр зындзинæдтæ сæвзæрынц? Бæрнон кусджытæ арæх разы цæуылнæ вæййынц фидæны ныййарджыты æмæ сывæллæтты фембæлдтытæй? Æппæт ацы фарстытыл æрдзырдтой Уæрæсейы Æхсæнадон палатæйы æмбырды. Се `ргом сæм аздæхтой Цæгат Ирыстоны дæр. Республикæйы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы дæр, сабийы райсынвæнд чи скæны, уый æгæрон зындзинæдтæ баййафы. Сæ иу - рады лæууыны хъуыддаг бæлвырд кæй нæ вæййы, уый. Фарстайыл бакусыны тыххæй Æхсæнадон палатæйы уæнгтæн æххуыс кæнынц профилон министрадтæ æмæ уагдæттæ. Алкæй бон ма у сæрмагонд номырмæ æрбадзурын. Адæмы хъæстытæм гæсгæ сараздзысты басгæрстытæ. Уымæй уæлдай ма, Æхсæнадон палатæйы æмбырды хатдзæгтæ скодтой социалон службæты куыстæн. Уый та - адæмы `хсæн æрфарсты бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Нина Чиплакова, председатель общественной палаты РСО-Алания: «Абон цы фарстатæм æркастыстæм, уыдонмæ, æнæмæнг, мах дарддæр дæр нæ цæст дардзыстæм. Зæгъæм, лæггæдтæ райсыны фæтк. Бæстонæй хъæуы æркæсын социалон хъахъхъæнынады разамынды куыстмæ. Куыд ифтонг сты, уымæ. Нырыккон технологитæ дзы ис æви нæ, стæй хайæдты `хсæн æмгуыстад куыд цæуы, уый дæр. Ахсджиаг у уыцы хъуыддаг». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv