Цæгат Ирыстоны бæрæг кæнынц Цыппурсы бæрæгбон
Чырыстон диныл хæст адæм бæрæг кæнынц Цыппурсы æхсæв. Цæгат Ирыстоны Епархийы ахсæв ацæудзæн бæрæгбоны аргъуыд. Адæм скувдзысты Хуыцаумæ. Чырыстийы райгуырды бæрæгбон арæзт вæййы, куыд æмбæлы, афтæ. Æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынц пъæлицæйы кусджытæ. Дзæуджыхъæуы Епархийы адæмæй къух бакæнæн нæ вæййы. Бæрæгбоны фæдыл Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим фæнд кæны хæрзаудæн акцитæ саразын. Чырыстон динмæ гæсгæ Цыппурсы бæрæгбонмæ хъуамæ алы адæймаг дæр йæ уд ссыгъдæг кæна, цырæгътæ ссудза, йе `нусон бынатмæ чи ацыд, уыдоны ном ссара æмæ æнæмæнгæй цавæрдæр бæллиц хинымæр снысан кæна. Дзæуджыхъæуы Епархи саив кодтой алыхуызон цырæгътæ æмæ гирляндатæй. Цыппурсы бæрæгбон куы райдайы, уæд чырыстон диныл хæст адæмæн кæронмæ æрхæццæ вæййы, 40 боны цы ком дардтой, уый дæр. Комдзаг акæнæн нæ вæййы, цалынмæ арвыл фыццаг стъалы нæ фæзына, уæдмæ. Уый нысан кæны Чырыстийы райгуырд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Похожие видео
Показать еще