Лæмбынæг цæстард

20.04.2022
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз дарддæр бæрæг кæны вазыгджын социалон бæстыхæйтты арæзтад. Абон дæр та уыд Тарскæ, Горæтгæрон район æмæ Дзæуджыхъæуы. Премьер 10 арæзтадон фæзæй фылдæр федта. Разыйæ базад æви нæ, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз йæ радон балц райдыдта тарниз дзæбæхгæнæн диспансерæй. Медицинон объекты 10 корпусы цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Ифтонг æй кæнынц хъæугæ кусæнгæрзтæй. Уый фæстæ хицауады сæрдар бабæрæг кодта республикæйы спортивон хъæбысхæсты центр. Бæстыхай бындуронæй цалцæг кæнынц. Йæ сæр ын ногæй баивтой. Хъæуы ма дзы мидæггаг куыстытæ фæуын. Æппæт хъæугæ мадзæлттæ фæнд кæнынц Иван Ярыгины номыл турнирмæ фæуын. Гæбулты Владимир, РЦИ-Аланийы физкультурæ æмæ спорты министр:«Кусджытæ ныфс бавæрдтой тагъд рæстæджы цалцæгкæнæн куыстытæ конд кæй фæуыдзысты, уымæй. Азы райдиан дзы спортсментæ уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæм сæхи цæттæ кæнын райдайдзысты». Уымæй уæлдай ма, Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта ацæргæ адæмы хæдзар-интернат «Узæлд». Уым корпустæй иуы цæуы капиталон рацарæзты куыстытæ. Кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Хæдзары цæрджытæ уазджытæн бацæттæ кодтой куклаты спектакль. Премьер ма æркаст Дзæуджыхъæуы 52-сывæллæтты рæвдауæндоны арæзтадон куыстытæм. Уым ма амайынц уæлæмхасæн бæстыхай. Куы срæвдз уа ,уæд ма дз йе руаджы фадат уыдзæн ноджыдæр 90 сывæллонæн. Томайты Ислам, арæзтадон компани «ТИСА»-йы генералон директор: «Ныртæккæ арæзтады фылдæр хай фæвæййæм. Сæртæ ма нæ бахгæнын хъæуы. Фæнд кæнæм куыстытæ мартъийы кæронмæ фæуын. Арæзтадыл хардзгонд æрцыд 35 милуан сомы». Министрадты минæвæрттæ бабæрæг кодтой Сунжæйы амбулатурон пункт. Ис дзы 100 бынаты. Уымæй уæлдай ма Тускъаты Таймураз уыд Ирыхъæуы æмæ Дачныйы. Сбæлвырд кодта цы ног рæвдауæндæттæ дзы аразынц уым куыст куыд цæуы ,уый. Дыууæ дæр амайынц иу проектмæ гæсгæ. Арæзтадон куыстытæ цæуынц æнтыстджынæй. Куы сцæттæ уой, уæд Горæтгæрон районы сывæллæтты рæвдауæндæтты бынæттæ фаг уыдзæн. Хицауады сæрдар зæрдæ бавæрдта, социалон нысаниуæг цы арæзтадон бæстыхæйттæн ис, уыдонмæ дарддæр дæр уæлдай цæстдард здæхт кæй цæудзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Похожие видео

Показать еще