Наркотикты ныхмæ

20.04.2022
Сусæг хæрзгæнджытæн сæ хъæппæрис рапарахат. Бæргæ, кæуыл ахъуыды кодтат, уыдон куы уаиккой. Фæлæ нæ. Æнæзакъонæй наркотиктæ чи парахат кæны, уыдон сты нæ дарддæры æрмæджы «хъайтартæ». Алыхуызон амæлттæ агурынц сæ марг адæмы къухты ныссадзынæн. Тæрсгæ дæр ницæмæйуал кæнынц. Бирæуæладзыгон æмæ хи хæдзæртты кæртыты сусæгæвæрдтытæ кæнынц. Афтæмæй се ссарын зындæр у. Фæлæ мидхъуыддæгты министрады профилон хайад дæр æнцад нæ бады. Æххуысæн ма сын бынæттон цæрджытæ дæр фæзындысты. Уыдон фæдис кæнынц - «цы хабар у»- зæгъгæ. Нæ уацхæсджыты къорд æй хуыздæр зоны. Гепатит, ВИЧ, СПИД кæнæ та Сепсис. Ацы низтæ иууылдæр зонынц. Уæвгæ, иу уый бæрц ма сæм ис бафтауæн. Иуæй иннæуыл ныххæцы наркоманты хсæн. Цы взæр буаргъæдтæй конд у уыцы хъылма, уыдон адæймаджы æнæниздзинад сабыргай хæрынц. Афтæмæй сæ фæстаг арæх уæлмæрдтæм æрцæуы. Багаты Алыксандр ахæм цаутæ иу æмæ дыууæ хатты нæ федта. Йæхæдæг дæр сæ дзæбæх зоны. Йе мбæлтты хсæн дæр дзы ис. Æнæниздзинадæй уæлдай хайджын хъуамæ уой сывæллæттæ. Æмæ ма кæд цалдæр азы размæ уыцы маргæй сæхи ас адæм хъæстæ кодтой, уæд ныр се хсæн фылдæр æнахъом сывæллæттæ ис. Наркотиктæ ссарын - зын нæу. Чи сæ парахат кæны, уыдон бæлвырд не сты. Иу амал æрхъуыды кодтой - сусæг рæттæ, зæгъгæ. Махмæ дæр фылдæрæй фыдæр кæнынц. Иннæ регионты та ахæм æвæрæнтæ рагæй фæзындысты. Уæйгæнæг æмæ æлхæнæг кæрæдзийы зонгæ дæр нæ бакæнынц. Иу интернеты ныммыхуыр кæны, уым æмæ уым зæгъгæ - ныхасгонд бынаты сæ бамбæхсынц - стæй сæ æлхæнæг уырдыгæй æнцонтæй райсы æмæ та уæд дыууæты гæлæбутæ дæр стæхынц. Æнæхъæн системæ. Сæ куыст афтæ дзæбæх цæуы, æмæ сæхи бахъахъхъæныныл тынг кусынц. Банчы реквизиттæ, хыгъдтæ, сим-картæтæ, стæй дæсгай нæмттæ социалон хызты. Цæмæй закъонхалджыты æрцахстай, уый тыххæй бирæ рæстæг бахъæуы. Фæлæ наркотикты æнæзакъон зилдухы ныхмæ тохы управленийы дæр сæхи фæрæзтæй пайда кæнынц. Цæрджытæ æххуыс кæнынц. Адæм дæр æнцад нæ бадынц. Фарон Беслæны лæппутæ сæхæдæг фыдракæнджыты арцахстой, сæ ных сын æркъуырдтой. Фæлæ ахæм хъуыддаджы фыццаджыдæр хъæуы пъæлицæйæгтæм бадзурын. Уыдон уайтагъддæр сæ куыст скæндзысты. Ацы аз уал ныридæгæн 3 уголовон хъуыддаджы байгом кодтой уый фæдыл. Барадхъахъхъæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ фарон раргом ис 1300 наркотиктимæ баст закъонхæлды. 825 адæймаджы ахызтысты хи цæсгом æмæ барады сæрты. Куыст дарддæр лæмбынæгæй цæуы. Нæ республикæйы цæрджытæм та сидынц, цæмæй къæрцхъусдæр уой. Гогаты Марат, Виктория Базгадзе, Игорь Войцеховский - Ирыстоны Хабæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Похожие видео

Показать еще